Фӕлхатгонд ӕгъдау 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХионы исбоныл аудыны тыххӕй 1 Де ’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн. 2 Кӕд ӕмӕ фосы хицау дард цӕры кӕнӕ, кӕй сты, уый нӕ зоныс, уӕд та уал сӕ, цалынмӕ сӕ хицау фӕзына, уӕдмӕ дӕ хӕдзармӕ бакӕн. 3 Афтӕ-иу бакӕн искӕй хӕрӕг, искӕй дарӕс, стӕй искӕй дзаумайӕ цыдӕриддӕр ссарай, уыдонӕн дӕр. Сӕ рӕзты макуы ацу! 4 Фӕндагыл искӕмӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал бастад ӕмӕ ӕрхауд, зӕгъгӕ, уӕд йӕ иувӕрсты ма ахиз — йӕ хицауӕн ын феххуыс кӕн, ӕмӕ йӕ иумӕ слӕууын кӕнут йӕ къӕхтыл. Сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы дарӕсы тыххӕй 5 Сылгоймагӕн нӕлгоймаджы дарӕс дарын не ’мбӕлы, нӕлгоймаг та хъуамӕ сылгоймаджы дарӕс ма дара. Афтӕ чи кӕны, уый Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕлгъаг у. Маргъы ахстоны тыххӕй 6 Зӕххыл уа ӕви бӕласыл, — маргъы ахстоныл бамбӕлдтӕ ӕмӕ дзы мадӕл маргъы ӕд лӕппынтӕ кӕнӕ къуыртты бадгӕ федтай, зӕгъгӕ, уӕд ӕй дӕхицӕн ӕд лӕппынтӕ ма рахӕсс. 7 Мады уадз, йӕ лӕппынты та йын рахӕсс, цӕмӕй дын хорз уа ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай. Уӕлхӕдзары быруйы тыххӕй 8 Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай. Алыхуызон мыггӕгтӕ, фос ӕмӕ ӕндӕхтӕ ӕмхӕццӕ кӕнӕн нӕй 9 Дӕ сӕндоны сӕнӕфсирӕй дарддӕр мацы ныссадз, цӕмӕй дӕ сӕнӕфсир дӕр ӕмӕ дӕ иннӕ мыггаджы тыллӕг дӕр ӕлгъыстаг ма фӕуой. 10 Гал ӕмӕ хӕрӕгыл иумӕ ифтыгъдӕй хуым ма кӕн. 11 Ма дар алыхуызон ӕндӕхтӕй, къуымбил ӕмӕ гӕн ӕндахӕй уӕфт дарӕс. 12 Дӕ уӕлӕфтауы цыппар тигъыл дӕр хаутӕ скӕн. Ног чындзы йӕ мойы мӕнг даутӕй бахизын 13 Ус куы ӕрхӕссай, йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуай, ӕмӕ дын стӕй ӕнӕуынон куы суа, 14 афтӕмӕй йыл уый фӕстӕ цъыфкалӕн куы кӕнай ӕмӕ йӕ адӕмы цӕсты куы ӕфтауай, ракуырдтон ӕй, йемӕ ӕмуат ӕрцыдтӕн, фӕлӕ чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ, 15 уӕд чызджы фыд ӕмӕ мад, йе ’фсарм йӕхимӕ кӕй уыд, уый ӕвдисӕнӕн сахары хистӕртӕм сахары кулдуары размӕ чызджы пысултӕ рахӕссӕнт. 16 Ӕмӕ йӕ фыд сахары хистӕртӕн зӕгъӕд: „Ацы лӕгӕн радтон ӕз мӕ чызджы, ӕмӕ йын адӕн нӕ фӕци. 17 Цъыфкалӕн ыл кӕны, чызг нӕ уыди, зӕгъгӕ, фӕлӕ уын мӕнӕ мӕ чызджы ӕфсармы ӕвдисӕйнӕгтӕ“. Ӕмӕ сахары хистӕрты раз чызджы пысултӕ айтындзӕнт. 18 Ӕмӕ сахары хистӕртӕ бафхӕрӕнт уыцы лӕджы. 19 Сӕдӕ ӕвзист шекелы хъуамӕ бафида йӕ каисӕн, израилаг чызгӕн йе ’взӕры кой кӕй айхъуысын кодта, уый тыххӕй. Сылгоймагимӕ та цӕргӕйӕ баззайдзӕн, йемӕ ахицӕн уӕвыны бар ын нӕй. Хӕтын, тых бакӕнын ӕмӕ ӕнӕмбӕлгӕ ӕмкъайады тыххӕй 20 Йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг сты, ӕмӕ йӕ бинойнаг бӕлвырдӕй чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ, 21 уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад! 22 Нӕлгоймаджы искӕй усимӕ баййӕфтой, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр маринаг сты: афтӕ чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Искӕй усмӕ чи фӕрӕдыди, уыцы нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ амӕла ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Фесафут ӕвзӕрдзинад Израилӕй! 23 Куырдуаты бадӕг ӕнӕрцӕф чызгыл сахары ӕндӕр нӕлгоймаг амбӕлд ӕмӕ йын батых кодта, зӕгъгӕ, 24 уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад! 25 Фӕлӕ куырдуаты бадӕг чызгыл сахары ӕдде цы нӕлгоймаг амбӕла ӕмӕ йын тыхми чи бакӕна, уый та ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг у маринаг, 26 чызг ницы аххосджын у: йӕ хабар у, исчи ӕваст искӕуыл йӕхи куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ӕрбамара, уый хуызӕн. 27 Уымӕн ӕмӕ, кӕд быдыры цыфӕнды хъӕр кодта, уӕддӕр ын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыди. 28 Нӕлгоймаг, искӕимӕ фидыд чи нӕма у, ахӕм чызгӕн тыхми куы бакӕна ӕмӕ йӕ уынӕг куы фӕуа, 29 уӕд ӕрыгон чызджы фыдӕн хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, чызджы та ракура, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йемӕ цӕргӕ у. 30 Йӕ фыды усимӕ бацӕрыны бар никӕмӕн ис. Йӕ фыды бӕгънӕгӕй феныны бар никӕмӕн ис. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia