Фӕлхатгонд ӕгъдау 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИскӕй амарыны тыххӕй нывонд, марӕг куы не сбӕрӕг уа, уӕд 1 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕсты адӕймаджы мардыл куы бамбӕлат быдыры ӕмӕ йӕ чи амардта, уый бӕрӕг куынӕ уа, 2 уӕд рацӕуӕнт уӕ хистӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕнт, мард кӕм ссардӕуыди, уыцы бынатӕй, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдонмӕ цас цыд у, уый. 3 Мардмӕ дзы хӕстӕгдӕр кӕцы разына, уыцы сахары хистӕртӕ равзарӕнт, кусгӕ кӕуыл нӕма кодтой ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕма уыд, ахӕм дыгӕрдыг. 4 Акӕнӕнт дыгӕрдыджы, хуымгонд дӕр чи никуыма уыд ӕмӕ кӕй никуы байтыдӕуыд, ахӕм дӕлвӕзмӕ ӕмӕ йын уыцы ран йӕ бӕрзӕй асӕттӕнт. 5 Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы. 6 Хӕстӕгдӕр сахары хистӕртӕ, доны раз цы дыгӕрдыджы бӕрзӕй асастой, уый сӕрмӕ сӕ къухтӕ цӕхсӕнт 7 ӕмӕ зӕгъӕнт: „Нӕ къухӕй нӕ ныккалди ацы туг, ницы федтам. 8 Дунедарӕг, ма сӕвӕр азым Дӕ адӕмыл, израилӕгтыл, уацарӕй кӕй фервӕзын кодтай, уыдоныл! Сраст кӕн Дӕ адӕмы, израилӕгты!“ Ӕмӕ уӕд уыцы тугныккалды уыдон азымджын нӕ уыдзысты. 9 Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххосы тугныккалды азымӕй бахиздзыстут, Дунедарӕгӕн фӕндон цы у, уый куы кӕнат, уӕд. Уацайраг сылгоймаджы ракурыны тыххӕй 10 Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы рацӕуат ӕмӕ уын сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ уацары куы райсат, 11 уӕд се ’хсӕн рӕсугъд сылгоймаг куы фенай, дӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа ӕмӕ йӕ ракурын куы сфӕнд кӕнай, 12 уӕд ӕй дӕ хӕдзармӕ ӕрбахон. Йӕ сӕр алвынӕд, йӕ ныхтӕ ракӕнӕд, 13 йӕ уацайраджы дарӕс раивӕд ӕмӕ мӕйы дӕргъы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадыл фӕкӕуӕд. Уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус уыдзыстут. 14 Куынӕуал дӕ хъӕуа, уӕд ӕй, кӕдӕм ӕй фӕнды, уырдӕм ауадз. Уӕй йӕ ма акӕн ӕвзистыл, дӕхицӕн дзы, мӕ бар у, зӕгъгӕ, цагъар ма скӕн. Цоты хистӕры тыххӕй 15 Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ, 16 уӕд, йӕ фырттӕн йӕ бынтӕ уаргӕйӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхъулон кӕнӕд ӕмӕ, кӕй уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхистӕр кӕнӕд. 17 Кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу у цоты хистӕр, ӕмӕ бынтӕй дыууӕ хайы раттын уымӕн ӕмбӕлы. Хистӕры хай уымӕ хауы. Хивӕнд фырты тыххӕй 18 Искӕмӕн йӕ фырт фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон у, зӕгъгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ нӕ хъусы, цыфӕндыйӕ дӕр сын нӕ уисӕн кӕны, 19 уӕд уыцы мад ӕмӕ фыд бавдӕлӕнт, сӕ сахары хистӕрты размӕ йӕ бакӕнӕнт 20 ӕмӕ сын зӕгъӕнт: „Мӕнӕ ай нӕ фырт у, фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон, гуыбындзӕл ӕмӕ къупри“. 21 Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты. Ауыгъды тыххӕй 22 Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы ’рцауындзат, 23 уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia