Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хӕсты фӕтк

1 Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!

2 Тохы агъоммӕ сауджын рацӕуӕд хӕстонты размӕ ӕмӕ сын зӕгъӕд:

3 „Ӕрбайхъус, Израил! Абон сымах хӕстмӕ ралӕудзыстут уе знӕгты ныхмӕ. Уӕ цӕст дӕр ма фӕныкъулут, ма фӕтӕрсут, уӕ ныфс ма асӕттӕд, ма фӕтасут!

4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.

5 Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра.

6 Кӕд уӕ исчи сӕндон скодта, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕма ӕртыдта, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын ӕндӕр исчи йӕ сӕнӕфсир куы ӕртона.

7 Кӕд уӕ исчи фидыд у, фӕлӕ йӕ къайаджы нӕма ӕрхуыдта, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын йӕ усаджы ӕндӕр исчи куы ракура“.

8 Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“.

9 Уагдартӕ адӕмимӕ сӕ ныхас куы фӕуой, уӕд равзарын хъӕуы хӕстон разамонджытӕ, ӕфсады сӕргъы чи слӕууа, ахӕмтӕ.

10 Басӕттынмӕ цы сахар хъават, уыимӕ уал-иу раздӕр сабырӕй дзурут, цӕмӕй ӕнӕ схӕцгӕйӕ уӕхи бауа.

11 Кӕд уӕ фӕндоныл сразы уой ӕмӕ уын сахары дуӕрттӕ бакӕной, уӕд уын, цыдӕриддӕр дзы цӕрджытӕ ис, уыдон сегас дӕр хъалон фиддзысты ӕмӕ уӕ цагъартӕ уыдзысты.

12 Кӕд ӕмӕ сахар сабырӕй не сразы уа ӕмӕ уемӕ схӕца, уӕд ыл-иу ӕрхъула кӕнут.

13 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн, ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уа — кардылӕфтыд сӕ фӕкӕнут.

14 Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.

15 Афтӕ кӕнут, сымахӕй дард чи у, ам цӕрӕг адӕмтӕ кӕмӕ ницы бар дарынц, уыцы сахартӕн.

16 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уыцы сахарты удӕгасӕй макӕй ныууадзут.

17 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн куыд загъта, афтӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут ӕмӕ ныццӕгъдут хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты, евусӕгты.

18 Цӕмӕй, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл сымах дӕр ма сахуыр кӕной ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕды ма бацӕуат.

19 Сахар уын уайтагъд нӕ бакуымдта басӕттын ӕмӕ йӕ алыварс дӕргъвӕтин рӕстӕг бонасадӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма бахъыгдарут дыргъбӕлӕстӕ, фӕрӕт сӕм ма сисут. Быдыры бӕлас адӕймаг у, мыййаг, ӕмӕ сымахӕй фидармӕ балидздзӕн?

20 Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan