Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Сауджын левитты хай

1 Сауджын левиттӕн, Левийы хӕдзарвӕндагӕн ӕмткӕй, иннӕ израилӕгтӕй хъауджыдӕр, хай нӕ уыдзӕн, бынтӕ сын нӕ баззайдзӕн: Дунедарӕджы хуынтӕй цӕрдзысты, уыдон сты сӕ хай.

2 Левийы мыггагӕн хай нӕ уыдзӕн се ’фсымӕрты ’хсӕн. Дунедарӕг сын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕмӕй Йӕхӕдӕг у уыдонӕн сӕ хай.

3 Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта.

4 Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты.

5 Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕн уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын уырдыг лӕууой ӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд лӕггад кӕной сӕ тъымы-тъымамӕ.

6 Израилы сахартӕй кӕцыфӕндыйы цӕрӕг левит дӕр, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы бацӕуа

7 ӕмӕ, уым Дунедарӕгӕн уырдыг чи лӕууы, уыцы левиттау, йе ’фсымӕртау, лӕггад куы кӕна Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн,

8 уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.


Кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ дӕсныты ныхмӕ

9 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.

10 Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;

11 куырысдзаутӕ, мӕрдтӕмсидджытӕ, мӕрдты удтӕй сӕ фӕрстытӕн дзуапп домджытӕ.

12 Уымӕн ӕмӕ ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн ахӕм адӕймаг. Уыдӕтты тыххӕй байсдзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы зӕхх ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзӕн.

13 Ӕнӕкъӕм ут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз!

14 Уымӕн ӕмӕ, уӕхи кӕй зӕхх бакӕндзыстут, уыцы адӕмтӕ дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм хъусынц, сымахӕн та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ахӕм бар нӕ дӕтты.


Дунедарӕг рарвитдзӕн Моисейы хуызӕн пехуымпары

15 Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут.

16 Сымах ӕмбырдӕй Хоревы рӕбын Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, цыдӕриддӕр домдтат, уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. Загътат: „Куынӕуал фехъусиккам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс, куынӕуал фениккам уыцы стыр арт, ӕндӕра нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕ уыдзӕн!“

17 Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Афтӕ кӕй загътой, уый хорз у.

18 Сӕхи ’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн.

19 Уыцы пехуымпар Мӕ номӕй цы дзура, уыдӕттӕм чи нӕ байхъуса, уымӕн Ӕз Мӕхӕдӕг тӕрхон кӕндзынӕн.

20 Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.

21 Чи зоны, ды дӕхинымӕр зӕгъай: „Ӕмӕ куыд базондзыстӕм мах, Дунедарӕгӕй чи нӕ рацыди, уыцы ныхас?“

22 Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan