Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.

2 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы сахартӕй искӕцыйы ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг куы разына, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, исты ӕвзӕрдзинад чи сараза ӕмӕ Йемӕ фидыд чи фехала;

3 Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува,

4 уӕд, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, хъуыддаг сбӕлвырд кӕн, ӕмӕ, кӕд Израилы ӕцӕгдӕр ахӕм ӕлгъаг ми сарӕзтӕуыд,

5 уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.

6 Марыны тӕрхон рахӕссӕн ис дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ. Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ марыны тӕрхон рахӕссӕн нӕй.

7 Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!

8 Туг ныккалди, быцӕу рауади, исчи фӕцӕф ис, ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыныл дӕ сахары дӕ зӕрдӕ нӕ дарыс, зӕгъгӕ, уӕд фӕцу, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм.

9 Бафӕрс сауджынты, левитты ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхоны лӕг чи уа, уый, ӕмӕ дын уыдон зӕгъдзысты сӕ уынаффӕ.

10 Куыд дын зӕгъой, афтӕ-иу бакӕн, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым.

11 Уыдон дын цы ’гъдау бацамоной ӕмӕ цы тӕрхон скӕной, уымӕ гӕсгӕ-иу алцыдӕр бакӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзил, афтӕмӕй.

12 Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, уыцы ран лӕггад цы сауджын кӕна, уымӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгмӕ йӕ фыр къӕйныхӕй чи нӕ байхъуса, уый маринаг у. Фесафут Израилӕй фыддзинад!

13 Уадз ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр фехъусой ӕмӕ стӕрсой, ӕмӕ мачиуал бауӕнда къӕйных уӕвын.

14 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат, куы дзы ӕрбынӕттон уат ӕмӕ куы зӕгъат, нӕ алыварс адӕмтау махӕн дӕр паддзах куы уаид, зӕгъгӕ,

15 уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’фсымӕртӕй кӕй равзара, уый скӕнут паддзах уӕхицӕн. Ӕндӕрбӕстаджы ма скӕнут паддзах — уый уе ’фсымӕр нӕу.

16 Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“

17 Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.

18 Паддзахы бадӕны куы сбада, уӕд-иу сауджынтӕм, левиттӕм цы тухгӕ чиныг ис, уырдыгӕй ацы Ӕгъдау рафыссӕд йӕхицӕн.

19 Цӕргӕбонты йӕ разы уӕд ӕмӕ йӕ кӕсӕд, цӕмӕй сахуыр уа Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, тӕрсын, бӕстон ӕххӕст кӕна ацы Ӕгъдау ӕмӕ йе ’ппӕт домӕнтӕ,

20 цӕмӕй йе ’фсымӕртӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕса, ацы фӕдзӕхстытӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзила, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тъымы-тъыматӕм паддзахиуӕг кӕной Израилы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan