Фӕлхатгонд ӕгъдау 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил. 2 Уымӕн ӕмӕ сымах стут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм, зӕххы цъарыл ӕппӕт адӕмты ’хсӕн Йӕхицӕн ӕрмӕст сымах равзӕрста. 3 Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мацы хӕр. 4 Цы цӕрӕгойты фыд дын ӕмбӕлы хӕрын, уыдон сты: стур, фыс, сӕгъ, 5 саг, сугъахъ, сӕгуыт, сычъи, хъӕддаг сӕгъ, антилопӕ ӕмӕ дзӕбидыр. 6 Сынӕр чи цӕгъды, уыцы саджилсӕфтӕг фосӕй дын алкӕй фыд дӕр хӕрыны бар ис. 7 Сынӕр чи цӕгъды, уыцы фосӕй уын нӕфӕтчиаг сты теуа, тӕрхъус ӕмӕ даман: уыдон сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ саджилсӕфтӕг не сты. 8 Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут. 9 Доны цӕрӕгойтӕй уын хӕрӕн ис ӕрмӕстдӕр, ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны фыд. 10 Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны фыд та сыгъдӕг нӕу ӕмӕ нӕфӕтчиаг у сымахӕн. 11 Алыхуызон сыгъдӕг мӕргъты дзидза хӕрут. 12 Мӕргътӕй уын хӕрын кӕй фыд не ’мбӕлы, уыдон сты: цӕргӕс, хъӕрццыгъа, саубоцъо цӕргӕс; 13 уарийы, цъиусуры мыггагӕй цы ис, уыдон; 14 халоны мыггагӕй цы ис, уыдон; 15 страус, уыг, кӕсагдзау; хъӕрццыгъайы мыггагӕй цы ис, уыдон; 16 сидахъхъ, ибис, доныхъаз; 17 уыг, хъыргъы, денджызы сынт; 18 къадз; кӕсагласы мыггагӕй цы ис, уыдон; дыгоппон; хӕлынбыттыр. 19 Тӕхаг сасчы мыггагӕй цы ис, уыдон сыгъдӕг не сты. Нӕфӕтчиаг сты сымахӕн. 20 Цыфӕнды сыгъдӕг маргъы фыд дӕр уын хӕрӕн ис. 21 Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн. Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры. 22 Дӕ хуымы тыллӕгӕн-иу ӕрвылаз йӕ дӕсӕймаг хай рахицӕн кӕн 23 ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым бахӕр: дӕ хор, дӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ дӕ фысвосы сӕртӕ. Ӕдзухдӕр дӕ хъуыдыйы уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ма хицӕн кӕнӕд Йӕ тас. 24 Кӕд ӕмӕ дӕм, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дард у ӕмӕ дын ӕппӕт уыдӕттӕ уырдӕм фӕхӕссын зын у, уӕд Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕндӕй, 25 баив ӕппӕт уыдон ӕвзистыл ӕмӕ уыцы ӕвзист демӕ ахӕсс, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм. 26 Ӕмӕ балхӕн уыцы ӕвзистӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ: стуртӕ ӕмӕ фысвос, сӕн ӕмӕ бӕгӕны, цы дӕ фӕнда, уый ӕмӕ цӕл кӕн уым Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, де ’ппӕт бинонтимӕ. 27 Фӕлӕ дӕ уыцы рӕстӕг ма ферох уӕд дӕ сахары цӕрӕг левит: уымӕн, дӕуӕй хъауджыдӕр, нӕй зӕххы хай дӕр ӕмӕ исбон дӕр. 28 Дӕуӕн ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ дӕ афӕдзы тыллӕджы дӕсӕймаг хай сахары кулдуӕртты размӕ хӕсгӕ у. 29 Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia