Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дӕ адӕмы ’хсӕн пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг куы фӕзына ӕмӕ дын исты ӕвдисӕйнаг кӕнӕ диссаг куы равдиса,

2 йӕ ныхӕстӕ куы ’рцӕуой, ӕмӕ дӕ стӕй, кӕй никуы зыдтай, ахӕм хуыцӕутты фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын лӕггад кӕныныл куы ардауа,

3 уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн.

4 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл цӕут, Уымӕй тӕрсут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын ӕххӕст кӕнут ӕмӕ Йӕм хъусут, лӕггад Ын кӕнут ӕмӕ Йыл иузӕрдион ут.

5 Уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг та маринаг у — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Мысырӕй уӕ Чи ракодта ӕмӕ уӕ цагъарадӕй Чи фервӕзын кодта, Уый ныхмӕ кӕй ралӕууыд ӕмӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндагӕй иуварс кӕй здӕхта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!

6 Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,

7 зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, —

8 ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.

9 Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!

10 Дурты бын ӕй фӕкӕнут, куыд амӕла, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ардыдта Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уацарӕй уӕ Чи ракодта Мысырӕй, Уый ныууадзыныл.

11 Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.

12-13 Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, дӕуӕн цӕрынӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй искӕцыйы тыххӕй куы фехъусай, ӕнӕхуыцӕуттӕ дзы фӕзынд ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты галиу фӕндагмӕ аздӕхтой, цом ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ,

14 уӕд хъуамӕ хъуыддаг сбӕрӕг кӕнай, лыстӕг ӕрфӕрсай ӕмӕ алцыдӕр бӕлвырд базонай. Кӕд ӕцӕг разына, ӕмӕ, уе ’хсӕн ахӕм ӕлгъаг ми ӕрцыд, уый сбӕрӕг кӕнай,

15 уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.

16 Йӕ фӕллой йын фӕзы астӕумӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ йӕ басудз иууылдӕр — Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывондӕн. Сахар мыггагмӕ хӕлддзӕгты кӕри фестӕд ӕмӕ ногӕй арӕзт макуыуал ӕрцӕуӕд.

17 Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.

18 Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan