Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕд мын Дунедарӕг загъта: „Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн. Хохмӕ Мӕм ссу ӕмӕ хъӕдӕй Чырын сараз.

2 Къӕйдуртыл Ӕз ногӕй ныффысдзынӕн, кӕй асастай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон, ӕмӕ сӕ ды Чырыны нывӕрдзынӕ“.

3 Ӕз акъацийӕ Чырын сарӕзтон, фыццӕгты ӕнгӕс дыууӕ къӕйдуры рацагътон ӕмӕ, къӕйдуртӕ мӕ къухты, афтӕмӕй ссыдтӕн хохмӕ.

4 Дунедарӕг та сыл ногӕй ныффыста, ӕмбырды бон уӕм хохы сӕр арты хуылфӕй цы Дӕс фӕдзӕхсты радзырдта, уыдон ӕмӕ мӕм сӕ радта.

5 Хохӕй рараст кодтон, ӕрцыдтӕн ӕмӕ къӕйдуртӕ, Дунедарӕг мын куыд загъта, афтӕ Чырыны бафснайдтон.

6 Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар.

7 Уырдыгӕй араст кодтой Гудгодамӕ, дарддӕр та — донарӕх Иотватамӕ.

8 Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.

9 Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.

10 Хохы сӕр та кӕддӕрау дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон ӕмӕ та мын ацы хатт дӕр айста мӕ куывд Дунедарӕг — нӕ Йӕ бафӕндыд уӕ фесафын.

11 Дунедарӕг мын загъта: „Сыст ӕмӕ ацы адӕмы дӕ фӕдыл ахон. Фӕцӕуӕнт ӕмӕ сӕхи бакӕнӕнт, сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый“.

12 Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат;

13 уӕ фарны сӕраппонд уын абон кӕй кой кӕнын, Дунедарӕджы уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнат.

14 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, сты арв дӕр ӕмӕ уӕларв дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уыдон дӕр,

15 фӕлӕ ӕрмӕст уӕ фыдӕлтӕ фесты Дунедарӕгӕн адджын, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты ’хсӕн равзӕрста сымах, сӕ байзӕддӕгты. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.

16 Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут.

17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.

18 Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты.

19 Макуы атигъ кӕн дӕхи ӕрцӕуӕггагыл, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут Мысыры.

20 Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр.

21 Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.

22 Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan