Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Фӕлхатгонд ӕгъдау 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ, Моисей ӕппӕт израилӕгтӕн Иорданы фале, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры, Суфмӕ ӕввахс, Паран, Тофел, Лаван, Хацерот ӕмӕ Ди-Захавы астӕу цы загъта, уый.

2 Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,

3 дыууиссӕдзӕм азы иуӕндӕсӕм мӕйы фыццаг бон Моисей фехъусын кодта израилӕгтӕн, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.

4 Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Хоревы хохрӕбынӕй рацыд

5 Иорданы фале, Моавы зӕххыл, Моисей бавнӕлдта Ӕгъдауыл бӕстон ӕрдзурынмӕ. Уый загъта:

6 «Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, загъта махӕн Хоревы: „Ӕгъгъӕд уын у ацы хохы рӕбын цӕрын.

7 Уӕ фӕндаг дарут, цӕут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм ӕмӕ сӕ сыхӕгты зӕххытӕм, быдырмӕ ӕмӕ хӕхтӕм: Шефеламӕ, Негевмӕ, донгӕрӕттӕм, ханаанӕгты бӕстӕм, Ливанмӕ — суанг стыр доны, Евфраты, онг.

8 Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Моисей израилӕгтӕн хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕ сӕвӕрдта

9 Уыцы заман уын ӕз загътон: „Иунӕгӕй мӕ бон нӕу сымахӕн фӕтк ӕвӕрын.

10 Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта.

11 Ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, мин хатты фӕфылдӕр кӕнӕд сымах ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ.

12 Фӕлӕ иунӕгӕй куыд хӕссон уыцы уаргъ ӕмӕ уын уӕ хъӕстытӕ куыд ӕвзарон?

13 Равзарут алы мыггагӕй дӕр зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕ, цӕмӕй уын сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрон“.

14 Сымах мын дзуапп радтат: „Рӕстытӕ дзурыс“.

15 Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон.

16 Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе ’фсымӕрты ’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр.

17 Тӕрхон кӕнгӕйӕ, хъулон макӕй кӕнут: стырмӕ дӕр ӕмӕ чысылмӕ дӕр хъусут, макӕмӕй тӕрсут — тӕрхон Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Зынӕвзарӕн уын цы хъуыддаг уа, уый та-иу мӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнут, ӕмӕ йӕм ӕз ӕркӕсдзынӕн“.

18 Уыцы рӕстӕджы уын ӕз, кӕнын уын цы ӕмбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бацамыдтон.


Дыууадӕс сгарӕджы, израилӕгты хъаст ӕмӕ Хуыцауы азар

19 Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.

20 Ӕмӕ уын загътон ӕз: „Сымах ӕрбацыдыстут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, махӕн кӕй дӕтты, уыцы хӕхтӕм.

21 Кӕсут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн дӕтты ацы бӕстӕ. Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау сымахӕн куыд загъта, афтӕ. Ма тӕрсут, ма фӕтасут!“

22 Фӕлӕ мӕм сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ загътат: „Нӕ разӕй сгарджытӕ арвитӕм, цӕмӕй уыдон бӕстӕм ӕркӕсой ӕмӕ нын радзурой, цы фӕндӕгтыл нын цӕугӕ у ӕмӕ цы сахартӕм бацӕудзыстӕм, уыдоны тыххӕй“.

23 Уыцы фӕнд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй дыууадӕс лӕджы равзӕрстон, алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ иуы.

24 Уыдон араст кодтой, хӕхтӕм ссыдысты ӕмӕ Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты. Ӕркастысты йӕм.

25 Зӕххы тыллӕгӕй сӕ къухты райстой, ӕрбахастой нын дзы ӕмӕ загътой: „Ӕвӕджиауы бӕстӕ аккаг кӕны махӕн Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!“

26 Фӕлӕ сымах уӕ бынатӕй фенкъуысын нӕ бафӕндыд, сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндоны ныхмӕ рацыдыстут.

27 Уӕ цатырты бустӕ кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Ӕнӕуынон стӕм Дунедарӕгӕн, ӕмӕ нӕ уымӕн ракодта Мысырӕй, цӕмӕй нӕ аморӕгты къухтӕм ратта ӕмӕ бабын уӕм.

28 Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.

29 Ӕз уын загътон: „Ма сӕ тӕрсут, тасы уӕ ма ’фтауӕнт!

30 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.

31 Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.

32 Фӕлӕ уӕддӕр сымах не ’ууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл.

33 Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“.

34 Ӕмӕ фехъуыста Дунедарӕг уӕ ныхӕстӕ, Йӕ маст уӕм рафыхти, ӕмӕ басомы кодта:

35 „Ацы адӕмӕй, ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕй, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы ӕвӕджиауы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдтон, уый йӕ цӕстӕй дӕр ничи фендзӕн.

36 Ничи, Иефоннейы фырт Калевы йеддӕмӕ, — уый йӕ фендзӕн. Калев ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн Ӕз ратдзынӕн, йӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй“.

37 Мӕнмӕ дӕр фӕхъызыди Дунедарӕг сымах тыххӕй. Загъта мын: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы бӕстӕм!

38 Дӕ разы дӕ цагъар Йешуа, Нуны фырт, бацӕудзӕн! Йе ’нцой фӕлӕуу — уыцы зӕхх израилӕгты къухы уый руаджы бафтдзӕн.

39 Уӕ цот, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, фыдгулы амӕттаг фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уӕ фырттӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарынхъом чи нӕма у, уыдон та бацӕудзысты уыцы бӕстӕм. Ӕз сын ӕй ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ сӕхи бакӕндзысты.

40 Сымах та фӕстӕмӕ аздӕхут ӕмӕ Сырх денджызмӕ фӕндагыл цӕугӕут ӕдзӕрӕг быдырмӕ“.

41 Ӕмӕ мын уӕд уӕ дзуапп уыди: „Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм. Фӕлӕ ныр мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ схӕцдзыстӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, махӕн куыд загъта, афтӕ“. Уыйадыл уӕ алчи йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ райста ӕмӕ — цыма ӕнцон хъуыддаг у — хӕхтӕм фӕраст стут.

42 Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фехъусын кӕнон: „Ма ацӕут. Ӕз уемӕ нӕ уыдзынӕн, ӕмӕ хӕцыныл ма ныллӕуут — уе знӕгтӕ уӕ ныппырх кӕндзысты“.

43 Ӕз уын дзырдтон, фӕлӕ нӕ байхъуыстат. Дунедарӕджы фӕндоны сӕрты ахызтыстут ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст стут.

44 Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой.

45 Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстут, уӕд ма Дунедарӕджы раз бӕргӕ дзынӕзтат, фӕлӕ уӕм не ’рыхъуыста Дунедарӕг.

46 Кадешы дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат стут.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan