Езра 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ранымайдзынӕн, паддзах Артаксерксы заман мемӕ Вавилонӕй чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕрты нӕмттӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ. 2 Пинхасы мыггагӕй — Гершон; Итамары мыггагӕй — Даниил; Давиды мыггагӕй — Хаттуш 3 (Шеханиайы байзӕддӕгтӕй); Парошы мыггагӕй — Захариа ӕмӕ йемӕ, номхыгъды фыстмӕ гӕсгӕ, сӕдӕ фӕндзай нӕлгоймаджы; 4 Пахат-Моавы мыггагӕй — Елйехоенай, Зерахийы фырт, ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ нӕлгоймаджы; 5 Заттуйы мыггагӕй Шеханиа, Йахазиелы фырт, ӕмӕ йемӕ ӕртӕсӕдӕ нӕлгоймаджы; 6 Адины мыггагӕй — Эвед, Йонатаны фырт, ӕмӕ йемӕ фӕндзай нӕлгоймаджы; 7 Еламы мыггагӕй — Йесаиа, Аталийы фырт, ӕмӕ йемӕ авдсӕдӕ нӕлгоймаджы; 8 Шефатийы мыггагӕй — Зевадиа, Михаелы фырт, ӕмӕ йемӕ астсӕдӕ нӕлгоймаджы; 9 Йоавы мыггагӕй — Овадиа, Йехиелы фырт, ӕмӕ йемӕ дыууӕсӕдӕ ӕстдӕс нӕлгоймаджы; 10 Банийы мыггагӕй — Шеломит Йосифеайы фырт, ӕмӕ йемӕ сӕдӕ ӕхсай нӕлгоймаджы; 11 Бевайы мыггагӕй — Захариа, Бевайы фырт, ӕмӕ йемӕ дыууын аст нӕлгоймаджы; 12 Азгады мыггагӕй — Йоханан, Хаккатаны фырт, ӕмӕ йемӕ сӕдӕ дӕс нӕлгоймаджы; 13 Адоникамы мыггагӕй сӕ кӕстӕртӕ — Елифелет, Йеиел ӕмӕ Шемайа — ӕмӕ семӕ ӕхсай нӕлгоймаджы; 14 Бигвайы мыггагӕй — Утай ӕмӕ Заккур ӕмӕ семӕ ӕвдай нӕлгоймаджы. 15 Ахавайы сахармӕ цы цӕугӕдон кӕлы, уый былгӕрон сӕ ӕрӕмбырд кодтон. Ӕртӕ боны уым фӕлӕууыдыстӕм. Адӕм ӕмӕ сауджынты ’хсӕн Левийы байзӕддӕгтӕй куы никӕй федтон, 16 уӕд хистӕртӕм — Елиезер, Ариел, Шемайа, Елнатан, Йарив, Елнатан, Натан, Захариа ӕмӕ Мешулламмӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕм — Йоарив ӕмӕ Елнатанмӕ — фӕдзурын кодтон. 17 Арвыстон сӕ Иддомӕ, Касифиайы бӕстыхицаумӕ, цӕмӕй йе ’фсымӕртӕн, Кувӕндоны уымы цӕрӕг кусджытӕн, зӕгъа ӕмӕ нын нӕ Хуыцауы хӕдзарӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕрбарвитой. 18 Нӕ Хуыцауы хорзӕх нӕ уыди, ӕмӕ нӕм ӕрбакодтой иу ӕмбаргӕ израиладжы — Махлийы байзӕддӕгтӕй, левиттӕй, йӕ ном — Шеревиа, йӕ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы; 19 Хашавиайы, стӕй Йесаиайы — Мерарийы байзӕддӕгтӕй, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ уыдоны фырттимӕ, ӕдӕппӕтӕй ссӕдзы; 20 уыдонимӕ — Давид ӕмӕ йӕ ӕлдӕрттӕ левиттӕн лӕггадгӕнӕгӕй кӕй сӕвӕрдтой, Кувӕндоны уыцы кусджытӕй — дыууӕсӕдӕ дыууын, иууылдӕр фыст ӕрцыдысты номхуындӕй. 21 Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ. 22 Ӕз мӕ сӕрмӕ уый не ’рхастон, ӕмӕ паддзахӕй ракурон, цӕмӕй нын немӕ, фӕндагыл нӕ фыдгултӕй бахизыны тыххӕй, хъахъхъӕнджытӕ рарвита. Уымӕн ӕмӕ, паддзахимӕ куы дзырдтам, уӕд ын нӕ ныхас уыди: нӕ Хуыцауыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыдоныл Уый Йӕ хӕрзаудӕг арм дары, йӕхи Йыл чи атигъ кӕны, уыдоны та Йӕ азары хай бакӕны. 23 Цыбыр дзырдӕй, мах ком дардтам ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕмӕ Йӕм нӕ куывд фехъуысти. 24 Сауджынты хистӕртӕй дыууадӕсы равзӕрстон: Шеревиа, Хашавиа ӕмӕ ма уыдонимӕ се ’рвадӕлтӕй ноджы дӕс адӕймаджы. 25 Нӕ Хуыцауы хӕдзары номыл нӕм мысайнаджы охыл цыдӕриддӕр ӕрцыдис — ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ — уыдон сӕм барст-нымадӕй радтон: паддзахы, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ йе ’лдӕртты, стӕй уымы израилӕгтӕн се ’ппӕты лӕвӕрттӕ. 26 Барст-нымадӕй сын сӕ радтон сӕ къухтӕм: ӕвзист — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай таланты; ӕвзист мигӕнӕнтӕ — сӕдӕ таланты уӕзӕн; сыгъзӕрин — сӕдӕ таланты; 27 ссӕдз сызгъзӕрин кӕхцы — мин драхмӕйы аргъ ӕмӕ, сыгъзӕрины аргъ кӕмӕн ис, ахӕм ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд дыууӕ мигӕнӕны. 28 Загътон сын: сымах — Дунедарӕджы нывонд, мигӕнӕнтӕ — Йӕ мысайнӕгтӕ; ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин — бархи лӕвӕрттӕ Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн. 29 Уӕдӕ сӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнут, цалынмӕ сӕ сауджынтӕ ӕмӕ левитты хистӕртӕм ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм Йерусалимы, Дунедарӕджы хӕдзары, хӕзнадонмӕ барст-нымадӕй раттат, уӕдмӕ. 30 Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ барст-нымадӕй райстой ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, цӕмӕй сӕ Йерусалиммӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кӕной. 31 Уыйадыл Ахавайы цӕугӕдоны былӕй араст стӕм фыццаг мӕйы дыууадӕсӕм бон ӕмӕ нӕ фӕндаг адардтам Йерусалиммӕ. Нӕ Хуыцау ныл Йӕ арм дардта — Уый-иу нӕ фервӕзын кодта знӕгтӕй, стӕй-иу нӕ размӕ чи бабадти, уыдонӕй. 32 Афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ стӕм Йерусалиммӕ. Ӕртӕ боны куы рацыдис, уӕд, 33 цыппӕрӕм бон, ӕвзист дӕр, сыгъзӕрин дӕр, мигӕнӕнтӕ дӕр барст-нымадӕй нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кодтам. Къухӕй-къухмӕ сӕ барст-нымадӕй радтам сауджын Меремотмӕ, Уриайы фыртмӕ, стӕй левиттӕм — Пинхасы фырт Елеазар, Йешуайы фырт Йозавад ӕмӕ Биннуйы фырт Ноадиамӕ. 34 Алцыдӕр — барст-нымадӕй. Цыдӕриддӕр сбарстой ӕмӕ банымадтой, уыдонӕн иумӕйагӕй сӕ уӕз уайтӕккӕ ныффыстой. 35 Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон ӕппӕт израилӕгты номӕй Израилы Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой: галтӕ — дыууадӕс, фыстӕ — нӕуӕдз ӕхсӕз, уӕрыччытӕ — авдсӕдӕ авд, тӕригъӕды нывондӕн — дыууадӕс нӕл сӕгъы. 36 Паддзахы бардзырд фехъусын кодтой паддзахады барджынтӕн ӕмӕ доны фале цӕрӕг бынӕттон хицӕуттӕн, ӕмӕ уыдон баххуыс кодтой израилӕгтӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары ӕнцой лӕууыдысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia