Езра 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы заман, Езра — Серайы, Азариайы ӕмӕ Хилкиайы, 2 Шаллумы, Цадокы ӕмӕ Ахитувы, 3 Амариайы, Азариайы ӕмӕ Мерайоты, 4 Зерахийы, Уззийы ӕмӕ Буккийы, 5 Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт — 6 рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта. 7 Артаксеркс уӕд ӕвдӕм аз паддзахиуӕг кодта. Езраимӕ ма Йерусалиммӕ чидӕртӕ ацыдис Израилы дзыллӕйӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕй, 8 уыдон Артаксерксы заманӕн йӕ ӕвдӕм азы фӕндзӕм мӕй бахӕццӕ сты Йерусалиммӕ. 9 Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта. 10 Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн. 11 Паддзах Артаксеркс сауджын Езрайӕн, динамонӕгӕн, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Ӕгъдауыл Израилы ахуыргӕнӕгӕн цы фыстӕг радта, уым дзырдӕуыди: 12 «Ӕз, Артаксеркс, паддзӕхты паддзах, сауджын Езрайӕн, Уӕларвон Хуыцауы алцӕмӕй ӕххӕст Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕгӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр, 13 бафӕдзӕхстон, цӕмӕй, мӕ паддзахады Израилы адӕм, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чи ис, уыдонӕй Йерусалиммӕ кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдон ацӕуой йемӕ. 14 Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы дӕу Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрвитынц, дӕ къухы чи ис, дӕ Хуыцауы уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕм ӕркӕсынмӕ; 15 Йӕ цӕрӕнуат Йерусалимы кӕмӕн ис, Израилы уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин мысайнӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой, 16 уыдон, ӕгас Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕрӕмбырд кӕнай ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн Йерусалимы барвӕндӕй цы лӕвӕрттӕ ракӕной, уыдӕттимӕ иумӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнынмӕ. 17 Уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхцатӕй ӕвӕстиатӕй балхӕн галтӕ, фыстӕ, уӕрыччытӕ, стӕй, хойрагӕй ӕмӕ нуазинагӕй семӕ кувинагӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ фӕхӕццӕ кӕн Йерусалиммӕ, уӕ Хуыцауы хӕдзары нывондхӕссӕнмӕ. 18 Ӕвзист ӕмӕ ма сыгъзӕринӕй цы баззайа, уымӕй та, уӕ Хуыцауы фӕндӕй, дӕу ӕмӕ де ’фсымӕрты цы бафӕнда, уый саразут. 19 Дӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн дын лӕвӕрд цы мигӕнӕнтӕ ӕрцыдис, уыдон та сӕвӕр Йерусалимы Хуыцауы раз. 20 Уымӕй уӕлдай ма дӕ Хуыцауы хӕдзарӕн хъӕугӕйыл цы банымайай, уыдон та дӕтт паддзахы хӕзнадонӕй. 21 Ӕз, паддзах Артаксеркс, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хӕзнадартӕн се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсын: сауджын Езра, Уӕларвон Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕг, цыдӕриддӕр бадома, уый йын дӕттут ӕвӕстиатӕй: 22 ӕвзист — сӕдӕ таланты, мӕнӕу — сӕдӕ коры, сӕн — сӕдӕ баты, оливӕйы сой — сӕдӕ баты, цӕхх та — цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц. 23 Уӕларвон Хуыцауы фӕндон хъуамӕ биноныгӕй ӕххӕстгонд цӕуа Йӕ хӕдзарӕн, цӕмӕй паддзахад, паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хызт уой. 24 Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци. 25 Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут. 26 Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон». 27 Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта! 28 Паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты, паддзахы хъомысджын ӕлдӕртты хорзӕх мын Чи радта! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, аудыдта мӕныл, ӕмӕ уымӕн фӕныфсджын дӕн ӕз ӕмӕ Израилы хистӕрты дӕр уымӕн сразӕнгард кодтон мемӕ цӕуынмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia