Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езра 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ.

2 Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:

3 Парошы мыггаг — дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ;

4 Шефатийы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ;

5 Арахы мыггаг — авдсӕдӕ ӕвдай фондз;

6 Пахат-Моавы мыггаг (Йешуа ӕмӕ Йоавы байзӕддӕгтӕ) — дыууӕ мин астсӕдӕ дыууадӕс;

7 Еламы мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;

8 Заттуйы мыггаг — фарастсӕдӕ цыппор фондз;

9 Заккайы мыггаг — авдсӕдӕ ӕхсай;

10 Банийы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ;

11 Бевайы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын ӕртӕ;

12 Азгады мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;

13 Адоникамы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз;

14 Бигвайы мыггаг — дыууӕ мин фӕндзай ӕхсӕз;

15 Адины мыггаг — цыппарсӕдӕ фӕндзай цыппар;

16 Атеры мыггаг (Езекиайы байзӕддӕгтӕ) — нӕуӕдз аст;

17 Бецайы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ;

18 Йорайы мыггаг — сӕдӕ дыууадӕс;

19 Хашумы мыггаг — дыууӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ;

20 Гибары мыггаг — нӕуӕдз фондз;

21 Вифлеемӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын ӕртӕ;

22 Нетофӕй рацӕуджытӕ — фӕндзай ӕхсӕз;

23 Анатотӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын аст;

24 Азмаветӕй рацӕуджытӕ — цыппор дыууӕ;

25 Кирйат-Иаримӕй, Кефирайӕ ӕмӕ Бееротӕй рацӕуджытӕ — авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ;

26 Рамайӕ ӕмӕ Гевӕйӕ рацӕуджытӕ — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу;

27 Михмасӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын дыууӕ;

28 Вефилӕй ӕмӕ Гайӕ рацӕуджытӕ — дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;

29 Невойӕ рацӕуджытӕ — фӕндзай дыууӕ;

30 Магбишӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз;

31 иннӕ Еламӕй рацӕуджытӕ — мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;

32 Харимы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ дыууын;

33 Лодӕй, Хадидӕй ӕмӕ Онойӕ рацӕуджытӕ — авдсӕдӕ дыууын фондз;

34 Йерихонӕй рацӕуджытӕ — ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз;

35 Сенаайӕ рацӕуджытӕ — ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын;

36 сауджынтӕ: Иедайайы мыггагӕй (Йешуайы байзӕддӕгтӕ) — фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ;

37 Иммеры мыггаг — иу мин фӕндзай дыууӕ;

38 Пашхуры мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ цыппор авд;

39 Харимы мыггаг — иу мин ӕвддӕс.

40 Левиттӕ: Йешуайы ӕмӕ Кадмиелы мыггӕгтӕй (Ходавийы байзӕддӕгтӕ) — ӕвдай цыппар.

41 Зарӕггӕнджытӕ: Асафы мыггагӕй — сӕдӕ дыууын авд.

42 Кувӕндоны дуаргӕстӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы мыггӕгтӕ — ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕртын фараст лӕджы.

43 Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты,

44 Керосы, Сиахайы, Падоны,

45 Леванайы, Хагавайы, Аккувы,

46 Хагавы, Шалмайы, Хананы,

47 Гидделы, Гахары, Реаиайы,

48 Рецины, Некодайы, Газамы,

49 Уззайы, Пасеахы, Бесайы,

50 Аснайы, Меунимы, Нефусимы,

51 Бакбукы, Хакуфайы, Хархуры,

52 Бацлиты, Мехидайы, Харшайы,

53 Баркосы, Сисерайы, Темахы,

54 Нециахы, Хатифайы мыггӕгтӕ.

55 Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ: Сотайы, Софереты, Перудайы,

56 Иалайы, Дарконы, Гидделы,

57 Шефатийы, Хаттилы, Покерет-Цеваимы ӕмӕ Амийы байзӕддӕгтӕ.

58 Кувӕндоны кусджыты ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.

59 Стӕй ма, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддан, Иммерӕй чи рацыд, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ мыггаг Израилӕй сты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ бацис, уыдон:

60 Делаийы, Товиайы, Некодайы байзӕддӕгтӕ — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ.

61 Сауджынты хӕдзарвӕндӕгтӕй: Ховайайы, Хакоцы, Барзиллайы (ацы лӕг галаадаг Барзиллайы чызджытӕй иуы ракуырдта ӕмӕ йӕ каисы ном хӕссын райдыдта) байзӕддӕгтӕ.

62 Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не ’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой.

63 Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».

64 Ӕппӕт дзыллӕйы нымӕц иумӕ уыди цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай.

65 Сӕ унӕуттӕ ӕмӕ цагъарты сын куынӕ нымайай, уӕд. Нӕлгоймаг ӕмӕ сӕм сылгоймаг унӕуттӕ ӕмӕ цагъартӕ та уыди авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд; семӕ ма ноджы — уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, дыууӕсӕдӕ нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы.

66 Бӕхтӕ сӕм уыдис авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфсытӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор фондз,

67 теуатӕ — цыппарсӕдӕ ӕртын фондз, хӕрджытӕ — ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын.

68 Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы хӕдзар ис, уырдӕм барвӕндоны нывӕндтимӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар бындуронӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй.

69 Йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, афтӕ хӕдзар ногӕй саразынӕн радтой ӕхсай иу мин драхмӕйы сыгъзӕрин, фондз мин минӕйы ӕвзист ӕмӕ сӕдӕ фӕлысты та сауджыны дарӕстӕ.

70 Сауджынтӕ дӕр, левиттӕ дӕр, адӕм дӕр, уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр, дуаргӕстӕ дӕр, Кувӕндоны кусджытӕ дӕр ӕрбынӕттон сты сахарты ӕмӕ сӕ алфамбылӕйтты. Израил иууылдӕр сӕ сахарты цӕрын райдыдтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan