Езра 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой. 2 Уӕд Еламы байзӕддӕгтӕй иу, Шеханиа, Йехиелы фырт, Езрайӕн загъта: «Нӕ Хуыцауы раз фыдгӕнӕг стӕм, уымӕн ӕмӕ зӕххы цъары алы адӕмтӕй устытӕ фӕкуырдтам, фӕлӕ Израилӕн уыцы хъуыддаджы нырма йӕхи сраст кӕнӕн ис. 3 Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд! 4 Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!» 5 Езра бавдӕлд ӕмӕ сауджынты, левитты хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй ард бахӕрой, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ уыдон ард бахордтой. 6 Сыстади Езра Хуыцауы хӕдзары цурӕй, Елиашивы фырт Йохананы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йе ’хсӕв уым арвыста. Къӕбӕр дӕр дзы нӕ бахордта, дон дӕр дзы нӕ бануӕзта: ӕрбалидзджыты фыдракӕндыл марой кодта. 7 Уӕдмӕ ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы фехъусын кодтой, уацары чи уыди, уыдон Йерусалиммӕ куыд ӕрӕмбырд уой. 8 Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты. 9 Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты. 10 Сыстади Езра, сауджын, ӕмӕ загъта: «Ӕндӕрмыггаг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтат, уый уын фыдракӕнд уыди, ӕмӕ афтӕмӕй Израилы азымы баппӕрстат. 11 Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе ’ндӕрмыггаг устытӕй». 12 Ӕмбырды адӕм ӕмхъӕлӕсӕй схор-хор кодтой: «Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм, 13 Фӕлӕ ам бирӕ адӕм ис, ӕмӕ сын уынджы ӕрлӕууӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг къӕвдаджын у. Хъуыддагӕн та иу кӕнӕ дыууӕ бонмӕ алыггӕнӕн нӕй: нӕ тӕригъӕдтӕ бирӕ сты. 14 Фӕлтау ӕппӕт адӕмы бӕсты нӕ хицӕуттӕ ӕрбамбырд уӕнт, ӕмӕ, ӕндӕрмыггаг устытӕ чи ракуырдта, уыдон иууылдӕр нысангонд рӕстӕг ардӕм цӕуӕнт, алкӕмӕн дӕр дзы йемӕ йӕ сахары хистӕртӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ, афтӕмӕй, цалынмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцауы карз фыдӕхӕй схицӕн уӕм, уӕдмӕ». 15 Ныхмӕ рацыдысты ӕрмӕст Йонатан, Асаелы фырт, ӕмӕ Йахзе, Тиквайы фырт. Уыдоны фарс ма рахӕцыдысты Мешуллам ӕмӕ Шабтай-левит дӕр. 16 Афтӕ ацыд уацарӕй ӕрбаздӕхджыты хъуыддаг. Езра-сауджын алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр йӕ хистӕры равзӕрста, се ’ппӕтмӕ дӕр номхуындӕй фӕдзырдта. Ӕвзӕрст лӕгтӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй дӕсӕм мӕйы фыццаг бон ӕрӕмбырд сты. 17 Йӕ бинойнаг ӕндӕр адӕмӕй кӕмӕн уыди, уыцы израилӕгты сбӕлвырд кодтой фыццаг мӕйы фыццаг бонмӕ. 18 Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе ’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа. 19 Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй; 20 Иммеры фырттӕй — Ханани ӕмӕ Зевадиа; 21 Харимы фырттӕй — Маасеа, Илийа, Шемайа, Йехиел ӕмӕ Узийа; 22 Пашхуры фырттӕй — Елйоенай, Маасеа, Измаел, Нетанел, Йозавад ӕмӕ Еласа; 23 левиттӕй — Йозавад, Шими ӕмӕ Келайа — Келита дӕр ӕй хонынц, Петахиа, Иудӕ ӕмӕ Елиезер; 24 зарӕггӕнджытӕй — Елиашив; дуаргӕстӕй — Шаллум, Телем ӕмӕ Ури; 25 Израилы адӕмӕй: Парошы фырттӕй — Рамиа, Иззиа, Малкиа, Миамин, Елеазар, Малкиа ӕмӕ Бенайа; 26 Еламы фырттӕй: Маттаниа, Захариа, Йехиел, Авди, Йеремот ӕмӕ Илийа; 27 Заттуйы фырттӕй: Елйоенай, Елиашив, Маттаниа, Йеремот, Завад ӕмӕ Азиза; 28 Бевайы фырттӕй: Йоханан, Хананиа, Заббай ӕмӕ Атлай; 29 Банийы фырттӕй: Мешуллам, Маллух, Адайа, Йашув, Шеал ӕмӕ Йеремот; 30 Пахат-Моавы фырттӕй: Адна, Келал, Бенайа, Маасеа, Маттаниа, Бецалел, Биннуй ӕмӕ Менассиа; 31 Харимы фырттӕй: Елиезер, Ишшиа, Малкиа, Шемайа, Шимон, 32 Бениамин, Маллух, Шемариа; 33 Хашумы фырттӕй: Маттенай, Маттата, Завад, Елифелет, Йеремай, Менассиа ӕмӕ Шими; 34 Банийы фырттӕй: Маадай, Амрам ӕмӕ Уэл, 35 Бенайа, Бедеа, Келуху, 36 Ванеа, Меремот, Елиашив, 37 Маттаниа, Маттенай, Йаасай. 38 Биннуйы мыггагӕй — Шими, 39 Шелеми, Натан, Адайа, 40 Махнадвай, Шашай, Шарай, 41 Азарел, Шелеми, Шемариа, 42 Шаллум, Амариа ӕмӕ Йосеф; 43 Невойы фырттӕй: Йеиел, Маттитиа, Завад, Зевина, Йаддай, Иоел ӕмӕ Бенайа. 44 Адонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ устытӕ уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй. Иуӕй-иутӕн дзы уыди сывӕллӕттӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia