Езра 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта: 2 «Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. 3 Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ. 4 Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“». 5 Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ. 6 Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ. 7 Паддзах Кир рахӕссын кодта, Навуходоносор Йерусалимы кӕй байста ӕмӕ йӕхи хуыцӕутты хӕдзары кӕй сӕвӕрдта, Дунедарӕджы хӕдзары уыцы мигӕнӕнтӕ. 8 Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта. 9 Уыди дзы: сыгъзӕрин тӕбӕгътӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз, ӕвзист тӕбӕгътӕ — мин, кӕрдтӕ — фараст ӕмӕ ссӕдз; 10 сыгъзӕрин кӕхцытӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз, алыхуызон ӕндӕр кӕхцытӕ — цыппарсӕдӕ дӕс, ӕндӕр алы дзауматӕ — мин. 11 Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia