Езекиел 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИзраилы сӕфт 1 Дунедарӕг мын загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: се сӕфт ӕрцыд Израилы адӕмӕн, йе сӕфт ӕрцыд ӕппӕт зӕххӕн дӕр. 3 Де сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй. 4 Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн; дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ӕрбацӕуы фыдбылыз. 6 Кӕрон ӕрцыд, ӕрхӕццӕ ис кӕрон, сыстади дӕ ныхмӕ! Мӕнӕ ӕрбаввахс кӕны, 7 де сӕфт ӕрцыди, а зӕххы цӕрӕг! Ралӕууыд афон, азары бон ӕрбахӕстӕг; уӕ хӕхтӕм ӕрбаввахс кӕны циндзинады нӕ, фӕлӕ ӕвирхъау тасы заман. 8 Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’лгъаг миты тыххӕй. 9 Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн — Йӕ азары хай Чи бакӕны, Уый. 10 Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы. 11 Райрӕзти тыхми — ӕнаккӕты лӕдзӕг, фӕлӕ уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ баззайдзӕн; нӕдӕр сӕ исбонӕй, нӕдӕр сӕ уынӕрӕй, нӕдӕр сӕ номӕй ницыуал баззайдзӕн. 12 Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты. 13 Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн. 14 Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты. 15 Ӕдде сӕ цӕгъддзӕни кард, мидӕгӕй та — рын ӕмӕ стонг. Быдыры чи уа, уый амӕлдзӕни кардӕй, сахары чи уа, уый та стонг ӕмӕ емынӕйӕ. 16 Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй. 17 Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ къухты хъару фесӕфдзӕн, фыр тӕссӕй сӕ уӕрджыты дон ныббаддзӕни. 18 Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст. 19 Се ’взист ракалдзысты уынгтӕм, сӕ сыгъзӕрин дӕр сӕ нал ӕндавдзӕн. Уыдон сӕ Дунедарӕджы азары бон нӕ фервӕзын кӕндзысты. Уыдон сӕ нӕ бафсаддзысты ӕмӕ сын сӕ гуыбынтӕ нӕ байдзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин систы ӕфсон фыдракӕндтӕ аразынӕн. 20 Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се ’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн. 21 Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ байсын кӕндзынӕн, а зӕххы ӕнаккӕгтӕн сӕ ратдзынӕн ӕфтиагӕн, ӕмӕ сӕ уыдон фӕчъизи кӕндзысты. 22 Ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн Мӕ адӕмӕй, ӕмӕ Мын Мӕ Кувӕндон фӕчъизи кӕндзысты. Ӕрбацӕудзысты йӕм стигъджытӕ ӕмӕ йӕ фӕчъизи кӕндзысты. 23 Рӕхыс сараз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх байдзаг ис тугкалӕн фыдракӕндтӕй, сахар та йедзаг у тыхмийӕ. 24 Ӕз ӕрбакӕндзынӕн адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты. Уӕд тыхджынты хъалдзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ уаз бынӕттӕ фӕчъизи уыдзысты. 25 Ӕрбацӕуы фыд азар, ӕмӕ адӕм сабырдзинад агурдзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. 26 Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ. 27 Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia