Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Гӕныстоны заман

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Израилы хӕхты ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.

3 Зӕгъ сын: „Израилы хӕхтӕ! Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: кардӕй уӕм февзиддзынӕн Ӕз ӕмӕ уын уӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кӕндзынӕн.

4 Уӕ нывондхӕссӕнтӕ ныггӕныстон уыдзысты, хуры кадӕн уӕм цы будсудзӕн цӕджындзтӕ ис, уыдон дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, уӕ мӕрдты уын уӕ гуымирыты раз аппардзынӕн.

5 Израилӕгты мӕрдтӕ Ӕз сӕвӕрдзынӕн сӕ гуымирыты раз, уе стджытӕ уын уӕ нывондхӕссӕнты алыварс ныххӕлиу кӕндзынӕн.

6 Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым уӕ сахартӕ уыдзысты гӕныстон, уӕ кувӕн къуыбыртӕ — афтид, уӕ нывондхӕссӕнтӕ — гӕныстон ӕмӕ пырх, уӕ гуымирытӕ — саст ӕмӕ сӕфт, уӕ будсудзӕн цӕджындзтӕ — къуырд, уӕ хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ.

7 Бирӕтӕ мардӕй хаудзысты уе ’хсӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

8 Фӕлӕ ма уӕ иу цасдӕр удӕгасӕй ныууадздзынӕн, ӕмӕ уыдон фервӕздзысты кардӕй, бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты ’хсӕн куы ныххӕлиу уат, уӕд.

9 Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.

10 Уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы нӕ дзырдтон, ахӕм бӕллӕх сын кӕй бавзарын кӕндзынӕн, уый тыххӕй“».

11 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕв, дӕ къахӕй зӕхх ӕртъӕпп кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Додой сӕ къона Израилы адӕмӕн се ’ппӕт ӕлгъаг миты аххосӕй! Кард, стонг ӕмӕ емынӕйы амӕттаг бауыдзысты.

12 Дард ран чи уа, уый амӕлдзӕн емынӕйӕ, хӕстӕг ран чи уа, уый та фӕмард уыдзӕни карды цӕфӕй. Удӕгасӕй ма чи баззайа, уый та амӕлдзӕни сыдӕй. Афтӕ сыл Ӕз ныххуырсдзынӕн мӕ азар.

13 Цагъд адӕмы мӕрдтӕ куы лӕзӕрой сӕ гуымирыты раз, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс, стӕй алы бӕрзонд къуыбырыл, ӕппӕт хӕхты цъуппытыл, ноджы алы дидинӕгкалӕг бӕласы бын ӕмӕ алы къабузджын тулдзы бын — сӕ гуымирытӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕмыты сыгътой, уымыты, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

14 Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan