Езекиел 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фӕлӕ ды, адӕймаджы фырт, райс цыргъ кард ӕмӕ дзы хилдасӕнау дӕ сӕр ӕмӕ дӕ зачъе адас, стӕй райс тӕраз ӕмӕ-иу хъуынтӕ адих кӕн ӕртӕ хайыл. 2 Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй. 3 Ӕцӕг ма-иу хъуынтӕй иу чысыл райс ӕмӕ-иу сӕ дӕ фӕччийы бабӕтт. 4 Фӕлӕ ма-иу уыдонӕй дӕр райс ӕмӕ-иу сӕ арты бакал ӕмӕ басудз. Уырдыгӕй Израилы ӕппӕт адӕмыл рацӕудзӕнис арт». 5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Йерусалим у уый! Ӕз ӕй ӕрӕвӕрдтон адӕмты астӕу, йӕ алыварс та — иннӕ бӕстӕтӕ. 6 Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кӕнынц». 7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Ху ыцау: сымах уӕ алыварс адӕмтӕй бирӕ хивастдӕр разындыстут, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ Мын не ’ххӕст кӕнут, уыимӕ ма суанг уӕ алыварс адӕмты ӕгъдӕуттӕ дӕр. 8 Уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Ӕз Мӕхӕдӕг сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ ӕмӕ дыл адӕмты раз Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн. 9 Ныронг дын цы нӕ бакодтон ӕмӕ дын фидӕны дӕр цы нал бакӕндзынӕн, уый дын бакӕндзынӕн ныр де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй. 10 Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. 11 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де ’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де ’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. 12 Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй. 13 Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый. 14 Ӕз дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ алыварс адӕмтӕ ӕмӕ, дӕ цурты чидӕриддӕр цӕуа, уыдон дын дӕ худинаг куыд уыной, афтӕ. 15 Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг. 16 Ӕз сымахыл суадздзынӕн стонджы мӕлӕтдзаг фӕттӕ, сӕ быны уӕ фӕкӕндзынӕн. Уӕ хойраг уын скуынӕг кӕндзынӕн 17 ӕмӕ уыл стонджы азар бафтаудзынӕн. Тугдзых сырдты уыл сардаудзынӕн, ӕмӕ уын уыдон уӕ сывӕллӕтты ныццӕгъддзысты. Емынӕ ӕмӕ мӕлӕты хай бауыдзыстут ӕмӕ уӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia