Езекиел 48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕнӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты нӕмттӕ. Цӕгатаг арӕныл скӕсӕйнаг арӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм, Стыр денджызы онг, йӕхи айтыгъта Даны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. Ауылты Дамаскы цӕгатаг арӕнӕй цӕуы фӕндаг Хетлонмӕ, Хаматмӕ ӕмӕ Хацар-Энанмӕ. 2 Даны хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Асиры хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 3 Асиры хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Неффалимы хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 4 Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Менассиайы хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 5 Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Ефремы хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 6 Ефремы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Рувимы хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 7 Рувимы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 8 Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн уыдзӕни уаз зӕххы хай; цӕгатӕй хуссарӕрдӕм йӕ уӕрх — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та скӕсӕнӕй ныгуылӕнӕрдӕм — иннӕ зӕххы хӕйтты хуызӕн. Йӕ астӕу уыдзӕни Кувӕндон. 9 Дунедарӕгӕн-иу рауӕлдай кӕнут, йӕ дӕргъ фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины кӕмӕн уа, йӕ уӕрх та — дӕс мин ӕлмӕрины, ахӕм зӕххы хай. 10 Ацы уаз зӕхх у сауджынты хай; цӕгатӕрдӕм дӕргъмӕ у фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, ныгуылӕнӕрдӕм та уӕрхмӕ у дӕс мин ӕлмӕрины; скӕсӕнӕрдӕм уӕрхмӕ у дӕс мин ӕлмӕрины, хуссарӕрдӕм та дӕргъмӕ — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины. Йӕ астӕу уыдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндон. 11 Уый-иу рауӕлдай кӕнут сауджынтӕн, Цадокы байзӕддагӕй чи у, Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад чи кодта, уыдонӕн. Израилӕгтӕ Мӕ куы ныууагътой, уӕд мыл адон иннӕ левиттау сӕхи нӕ атигъ кодтой. 12 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уаз зӕххӕй райсдзысты ацы иууылуаз хай, левитты арӕныл. 13 Левиттӕ дӕр сауджынты ӕмарӕн райсдзысты хай, йӕ дӕргъ — фондз ӕмӕ ссӕдз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс мин ӕлмӕрины. 14 Уыцы хайӕ сын нӕдӕр ауӕйгӕнӕн уыдзӕни, нӕдӕр баивӕн. Уый уыцы зӕххӕн йӕ хуыздӕр хай у, ӕмӕ хъуамӕ къухӕй-къухмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ уый у Дунедарӕджы уаз хай. 15 Иннӕ зӕххы хай, йӕ уӕрх фондз мин ӕлмӕрины кӕмӕн у, йӕ дӕргъ та — дыууын фондз мин ӕлмӕрины, уый у сахарӕн лӕвӕрд. Уыдзӕнис иумӕйаг, уазыл нымад нӕ уыдзӕн, цӕмӕй дзы адӕм ӕрцӕрой. Уым уыдзысты сахарӕн йӕ уӕтӕртӕ дӕр. Сахар йӕхӕдӕг та уыдзӕнис астӕуӕй. 16 Мӕнӕ сахарӕн йӕ ас, уӕрхмӕ дӕр ӕмӕ дӕргъмӕ дӕр: йӕ цӕгатварс — цыппар мин фондзсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ хуссарварс дӕр — цыппар мин фондзсӕдӕ ӕлмӕрины, йе скӕсӕнварс дӕр — цыппар мин фондзсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ ныгуылӕнварс дӕр — цыппар мин фондзсӕдӕ ӕлмӕрины. 17 Сахарӕн йӕ уӕтӕрты фӕтӕн цӕгатӕрдӕм у дыууӕсӕдӕ фӕндзай ӕлмӕрины, скӕсӕнӕрдӕм дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай ӕлмӕрины, хуссарӕрдӕм дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай ӕлмӕрины, ныгуылӕнӕрдӕм дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай ӕлмӕрины. 18 Уаз зӕххы ныхмӕ скӕсӕнӕрдӕм ис дӕс мин ӕлмӕрины дӕргъӕн хай, ныгуылӕнӕрдӕм дӕр — афтӕ. Уыцы зӕххыты тыллӕг уыдзӕни сахары цӕрджыты, фӕллойгӕнджыты, хӕлц. 19 Зӕххытӕм хъуамӕ зилой сахары цӕрджытӕ — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты минӕвӕрттӕ. 20 Уаз зӕхх ӕмӕ сахары зӕххисбоны ӕппӕт фӕзахст у ӕмхуызон цыппаркъуымон — дыууӕрдӕм дӕр фӕйнӕ дыууын фондз мин ӕлмӕрины. 21-22 Ацы фӕзахсты фӕйнӕфарс зӕххытӕ — скӕсӕнӕрдӕм Иорданы онг, ныгуылӕнӕрдӕм та денджызы онг — сты фӕтӕджы хай. Дыууӕрдӕм дӕр сӕ уӕрх — дыууын фондз мин ӕлмӕрины. Афтӕмӕй, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы зӕххисбон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххисбоны ’хсӕн цыдӕриддӕр зӕххытӕ ис, Кувӕндоны зӕххытӕ, левитты зӕххытӕ ӕмӕ сахары зӕххытӕ рахицӕн кӕнгӕйӕ, уыдон сты фӕтӕджы хай. 23 Иннӕ хӕдзарвӕндӕгты хӕйттӕй, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, иу у Бениамины хӕдзарвӕндаджы хай. 24 Бениамины хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Симеоны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 25 Симеоны хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Иссахары хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 26 Иссахары хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Зевулоны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 27 Зевулоны хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Гады хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай. 28 Гады хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн ис Негев, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон — суанг Стыр денджызы онг. 29 Гъе уый у, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн халӕппӕрстӕй кӕй байуардзыстут, уыцы зӕхх, сӕ зӕххы хӕйттӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. Йерусалимы кулдуӕрттӕ ӕмӕ йӕ ног ном 30-31 Мӕнӕ сахары кулдуӕрттӕ, ис сын Израилы хӕдзарвӕндӕгты нӕмттӕ. Цӕгатӕрдыгӕй — ам сахары дӕргъ у цыппар мины ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины — ис ӕртӕ кулдуары: Рувимы кулдуар, Иудӕйы кулдуар ӕмӕ Левийы кулдуар. 32 Скӕсӕнӕрдыгӕй — ам дӕр сахары дӕргъ у цыппар мины ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины — ис ӕртӕ кулдуары: Йосефы кулдуар, Бениамины кулдуар ӕмӕ Даны кулдуар. 33 Хуссарӕрдыгӕй — ам дӕр сахары дӕргъ у цыппар мины ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины — ис ӕртӕ кулдуары: Симеоны кулдуар, Иссахары кулдуар ӕмӕ Зевулоны кулдуар. 34 Денджызы ’рдыгӕй — ам дӕр сахары дӕргъ у цыппар мины ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины — ис ӕртӕ кулдуары: Гады кулдуар, Асиры кулдуар ӕмӕ Неффалимы кулдуар. 35 Сахары алыварс ӕдӕппӕтӕй у ӕстдӕс мин ӕлмӕрины. Йӕ ном фидӕны уыдзӕни: «Дунедарӕг уым ис». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia