Езекиел 47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон 1 Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг фӕстӕмӕ ӕрбакодта Кувӕндоны дуармӕ, ӕмӕ федтон, Кувӕндоны къӕсӕры бынӕй скӕсӕнӕрдӕм дон куыд цӕуы, уый — Кувӕндонӕн йе ’ргом арӕзт уыди скӕсӕнӕрдӕм. Дон Кувӕндоны рахиз фисыны ’рдыгӕй калди нывондхӕссӕны хуссарвӕрсты. 2 Уыцы лӕг мӕ ракодта цӕгатварс кулдуарыл ӕмӕ мӕ ӕддӕты бакодта ӕддаг кулдуармӕ, йе ’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн у, уымӕ. Кулдуарӕн йӕ рахизфӕрсты калди дон. 3 Уыцы лӕг цыди скӕсӕнӕрдӕм ӕмӕ, йӕ къухы цы барӕн синаг уыд, уымӕй абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ мӕ акодта доны сӕрты. Дон уыди мӕ фадхъулты онг. 4 Уый ма ноджы абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ та мӕ акодта доны сӕрты. Дон уыди мӕ уӕраджы сӕртӕм. Ноджыдӕр ма абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ та мӕ акодта. Дон уыди мӕ астӕумӕ. 5 Иу хатт ма абарста мин ӕлмӕрины, ӕмӕ дон ахӕм гуылфӕн самадта, ӕмӕ йыл цӕуын нӕ фӕрӕзтон. Ахӕм арф уыд, ӕмӕ йыл ацӕуӕн нӕ уыди, ленк кӕнын дзы хъуыд. 6 Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт, федтай?» Ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ доны былмӕ ракодта. 7 Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ. 8 Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг. 9 Дыууӕ гуылфӕны денджызмӕ кӕм бакӕлой, уыцы ран алы змӕлӕгойтӕй байдзаг уыдзӕн, бирӕ дзы уыдзӕни кӕсӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ацы дон бакӕлдзӕни уырдӕм ӕмӕ денджызы дон суыдзӕни ӕнӕнизгӕнӕг. Ацы дон кӕдӕм бакӕла, уым уыдзӕни цард. 10 Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ. 11 Денджызы цур цъымаратӕ ӕмӕ култӕ ӕнӕнизгӕнӕг не суыдзысты, уыдон баззайдзысты цӕхджынӕй, цӕмӕй сӕ цӕхх исой. 12 Цӕугӕдоны былгӕрӕтты дыууӕрдыгӕй дӕр зайдзӕн алымыггаг дыргъ бӕлӕстӕ. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн ӕмӕ сӕ дыргъ нӕ куынӕг кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр-иу сыл срӕгъӕд уыдзӕни ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ донӕй ӕфсаддзӕн Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон. Сӕ дыргъӕй сын исдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕрӕй та — низтӕй дзӕбӕх кӕнынӕн». Бӕстӕйы арӕнтӕ 13 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы. 14 Алчидӕр-иу уӕ райсӕд йӕ исбоны зӕхх. Ӕз, Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, уӕ фыдӕлтӕн ӕй кӕй ратдзынӕн, ууыл, ӕмӕ уын ацы зӕхх уыдзӕни фыдӕй-фыртмӕйы исбон. 15 Мӕнӕ бӕстӕйы цӕгатаг арӕн. Стыр денджызӕй райдай ӕмӕ Хетлон, Цедад, 16 Хамат, Берота, Дамаск ӕмӕ Хаматы ’хсӕн лӕууӕг сахар Сивраимыл бахиз Хавраны ӕмарӕн лӕууӕг сахар Хацер-Тихонмӕ. 17 Уымӕй цӕгатӕрдӕм, денджызӕй Хацар-Энаны онг, сӕхи айтыгътой Дамаск ӕмӕ Хаматы зӕххытӕ. Уый у цӕгатаг арӕн. 18 Скӕсӕйнаг арӕнхахх ӕрӕвӕрут Хавран ӕмӕ Дамаскы ’хсӕн арӕныл ӕмӕ йӕ рауадзут Галаад ӕмӕ Израилы ’хсӕнты кӕлӕг Иорданыл, цӕгатаг арӕнӕй скӕсӕйнаг денджызы онг. Уый у скӕсӕйнаг арӕн. 19 Хуссайраг арӕн, Негевы, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон суанг Стыр денджызы онг. Уый у хуссайраг арӕн Негевы. 20 Ныгуылӕйнаг арӕн у Стыр денджыз йӕ былгӕронимӕ, Мысыры арӕнӕй райдай ӕмӕ суанг Хаматы онг. Уый у ныгуылӕйнаг арӕн. 21 Ацы зӕхх байуарут Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл. 22 Байуарут ӕй халӕппӕрстӕй уе ’хсӕн, стӕй, ӕрцӕуӕггагӕй уӕм чи цӕры, цот кӕмӕн рацыд, уыдоны ’хсӕн дӕр. Израилӕгтау уыдон дӕр нымад ӕрцӕуӕнт бынӕттон цӕрджытыл ӕмӕ сымахимӕ хай райсӕнт Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн. 23 Чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл цӕры, уыцы зӕххыл ын раттут йӕ исбоны хай», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia