Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Скӕсӕнварсы ӕхгӕд кулдуар

1 Уыцы лӕг мӕ ногӕй скӕсӕнварс кулдуары цурмӕ ӕрбакодта. Кулдуар уыди ӕхгӕд.

2 Дунедарӕг мын загъта: «Ацы кулдуар уыдзӕн ӕхгӕд ӕмӕ нӕ байгом уыдзӕн. Ницавӕр адӕймаг ыл бахиздзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, бахызти. Уымӕ гӕсгӕ баззайдзӕни ӕхгӕдӕй.

3 Фӕлӕ адӕмы фӕтӕгӕн ис уыцы кулдуары цур бадыны бар ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, къӕбӕр аходыны бар. Ӕцӕг-иу мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуӕд кулдуары раз тыргъыл».


Кувӕндоны куысты тыххӕй фӕдзӕхстытӕ

4 Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.

5 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ хъустӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕ зӕрдыл бадар, Дунедарӕджы хӕдзары ӕппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдӕутты тыххӕй дын цы дзурын, уыдӕттӕ. Дӕ хъус дар, Кувӕндоны бацӕуӕнтыл мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонмӕ.

6 Израилы хиваст адӕмӕн зӕгъ: Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, кӕрон скӕнут уе ’ппӕт ӕнаккаг митӕн.

7 Мӕ Кувӕндонмӕ Мын мауал кӕнут ӕцӕгӕлӕтты, буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у, уыдоны, ӕмӕ Мын мауал ӕгад кӕной Мӕ Кувӕндон. Фиу ӕмӕ Мын туг, Мӕ хойраг, нывондӕн куы хастат, уӕд адон уӕ цуры уыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уӕ алы ӕлгъӕгтӕй фехӕлдтат, Ӕз уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый.

8 Мӕ Кувӕндоны Мын уазлӕггад нӕ кодтат, уӕхи бӕсты-иу дзы ӕндӕрбӕстӕгты лӕггадгӕнджытӕй сӕвӕрдтат.

9 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: нырӕй фӕстӕмӕ Мӕ Кувӕндонмӕ иу ӕцӕгӕлон дӕр — буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у — нал бацӕудзӕн, суанг Израилы адӕмӕн се ’хсӕн куы цӕра, уӕд дӕр.

10 Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.

11 Мӕ Кувӕндоны кусдзысты дуаргӕстӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй. Адӕмӕн ӕргӕвддзысты сӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывондӕгтӕ, лӕудзысты сӕ цуры ӕмӕ сын лӕггад кӕндзысты.

12 Адӕм сӕ гуымирытӕн нывӕндтӕ куы хастой, уӕд сын адон кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ уымӕй Израилы адӕмы тӕригъӕды кӕй бафтыдтой, уый тыххӕй сӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзысты.

13 Уыдон Мӕ разы сауджынлӕггад нал кӕндзысты, нал сын уыдзӕни уаз дзауматӕ ӕмӕ иууылуаз хуынтӕм бавналыны бар. Се ’лгъаг миты тыххӕй худинаджы бын фӕуыдзысты.

14 Ӕз сӕ бафтаудзынӕн Кувӕндоны лӕггад кӕныныл, стӕй йӕ алы куыстытӕ ӕххӕст кӕныныл.

15 Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

16 Уыдон-иу ӕрбацӕудзысты Мӕ Кувӕндонмӕ ӕмӕ-иу ӕрбаввахс уыдзысты Мӕ фынгмӕ, цӕмӕй Мын лӕггад ӕмӕ уаз куыст кӕной.

17 Мидӕггаг кӕрты кулдуармӕ ӕрбацӕугӕйӕ-иу сӕ уӕлӕ скӕнӕнт гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ. Мидӕггаг кӕрты кулдуары цур ӕмӕ сыл Кувӕндоны хъуамӕ ма уа къуымбил дарӕстӕ.

18 Сӕ сӕртыл сӕ сарыхътӕ дӕр хъуамӕ уой гӕн хъуымацӕй; сӕ хӕлӕфтӕ дӕр хъуамӕ уой гӕн хъуымацӕй. Уымӕн ӕмӕ сын хид кӕнын не ’мбӕлы.

19 Фӕлӕ-иу сӕ ӕддаг кӕртмӕ рацӕуын куы хъӕуа, адӕмы размӕ, уӕд-иу раласӕнт, цы дарӕсты лӕггад кодтой, уыдон, ныууадзӕнт-иу сӕ уаз агъуыстыты ӕмӕ-иу скӕнӕнт ӕндӕр дарӕстӕ, цӕмӕй сӕ уаз дарӕстӕй адӕмӕй макӕуыл бандзӕвой.


Фӕдзӕхстытӕ сауджынтӕн

20 Сӕ сӕртӕ-иу мадӕр дасгӕ акӕнӕнт, мадӕр-иу сӕ сӕрыхъуынтӕ даргъ рауадзӕнт — алвынӕнт-иу сӕ сӕртӕ.

21 Сӕн дӕр-иу мачи бануазӕд сауджынтӕй, мидӕггаг кӕртмӕ цӕугӕйӕ.

22 Мадӕр сӕ идӕдз усы исчи ракурӕд, мадӕр, йӕ мойӕ чи рахицӕн, ахӕм сылгоймаджы. Ӕмбӕлы сын ӕрмӕст чызг ракурын Израилы адӕмы мыггӕгтӕй, науӕд та — сауджыны идӕдз усы.

23 Мӕ адӕмы-иу ахуыр кӕнӕнт, уаз цы у, уый, уаз цы нӕу, уымӕй хицӕн кӕныныл, стӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ иртасыныл.

24 Быцӕйуаг хъуыддӕгты тыххӕй-иу ӕрлӕууӕнт тӕрхоны раз ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр райхалӕнт Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ. Ӕххӕст Мын кӕнӕнт Ме ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй Мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ.

25 Сауджынӕн не ’мбӕлы адӕймаджы мардмӕ хӕстӕг бацӕуын, науӕд фӕчъизи уыдзӕн. Ӕрмӕст йӕ фыды, йӕ мады, йӕ фырты, йӕ чызджы, йе ’фсымӕры кӕнӕ, моймӕдзыд чи нӕма уыд, йӕ уыцы хойы мардӕй йын ис йӕхи фӕчъизи кӕнӕн.

26 Уымӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд-иу ранымайӕд авд боны.

27 Ӕмӕ мидӕггаг кӕртмӕ, Кувӕндоны сауджынлӕггад кӕнынмӕ, цӕуинаг цы бон уа, уыцы бон-иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывонд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

28 Сауджынты фыдӕй-фыртмӕйы исбоны кой куы кӕнӕм, уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ исбон. Зӕххы хай сын ма раттут Израилы: Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ хай.

29 Уыдон хӕрдзысты хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй ӕмӕ фиддоны нывондӕй. Израилы зӕххыл Дунедарӕгӕн цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый дӕр уыдоны хай уыдзӕн.

30 Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.

31 Мацы хӕдмӕлы фыд-иу бахӕрӕд сауджын, мадӕр, сырд кӕй аргӕвста, маргъ уа ӕви фос, уый фыд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan