Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцау ӕрыздӕхти Йӕ Кувӕндонмӕ

1 Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг ӕрбакодта скӕсӕнварс кулдуармӕ.

2 Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.

3 Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.

4 Дунедарӕджы кад скӕсӕнварс кулдуарыл бацыди Кувӕндонмӕ.

5 Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта мидӕггаг кӕртмӕ. Ӕз федтон, Кувӕндон Дунедарӕджы кадӕй йемыдзаг куыд баци, уый.

6 Йемӕ мӕ цы лӕг хуыдта, уый мӕ разы уыд, фӕлӕ мӕм мидкувӕндонӕй райхъуыст ӕндӕр кӕйдӕр хъӕлӕс.

7 Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Уый Мӕ паддзахы бадӕн у, Мӕ къахӕрӕвӕрӕн. Ам мыггагмӕ цӕрдзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ Мын Израилӕн йӕ адӕм дӕр ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕ дӕр нал ӕгад кӕндзысты Мӕ уаз ном: нал дӕр гуымирытӕм кувдзысты, нал дӕр та сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цуры ныгӕндзысты.

8 Сӕ къӕсӕртӕ ӕвӕрдтой Мӕ къӕсӕрты цур, сӕ тарвӕзтӕ — Мӕ тарвӕзты цур ӕмӕ ӕмкъул цардысты Мемӕ. Афтӕмӕй Мын се ’наккаг митӕй ӕгад кодтой Мӕ уаз ном ӕмӕ сӕ Мӕ фыр мӕстӕй бабын кодтон.

9 Фӕлӕ ныр се ’нӕуаг митӕ ныууадздзысты, сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цӕстыты разӕй фесафдзысты, ӕмӕ Ӕз мыггагмӕ се ’хсӕн цӕрдзынӕн.

10 Адӕймаджы фырт, ды та Израилы адӕмӕн радзур ацы Кувӕндоны тыххӕй, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр куы сбарой, уӕд сӕхиуыл ӕрхуддзысты се ’наккаг митыл тыххӕй.

11 Цыдӕриддӕр бакодтой, уыдӕттӕй се ’фсарм куы ссудза, уӕд-иу сын равдис Кувӕндоны фӕлгонц, йӕ арӕзт, йӕ рацӕуӕнтӕ ӕмӕ йӕ бацӕуӕнтӕ. Скӕн-иу сын Кувӕндоны хахныв ӕмӕ-иу сын радзур йе ’ппӕт арӕзт, стӕй йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй, ныффыс сын сӕ сӕхи раз, цӕмӕй сӕ ма рох кӕной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной.

12 Мӕнӕ Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау: хохы цъупп ӕмӕ йӕ алыварс тыгъдад иууылдӕр у иууылуаз. Уый у Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау.


Нывондхӕссӕн

13 Мӕнӕ нывондхӕссӕны арӕзт, йӕ ас, ӕлмӕринтӕй баргӕйӕ (хуымӕтӕг ӕлмӕринӕй армытъӕпӕны бӕрц стырдӕртӕ). Йӕ бындуры тигъы уӕрх у иу ӕлмӕрин, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд дӕр — иу ӕлмӕрин. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй ис цыхцырӕг къахт, уылынджы йас. Уый у нывондхӕссӕны бындур.

14 Бындуры уӕлӕ бинаг къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин. Бинаг чысыл къӕпхӕны уӕлӕ стыр къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин.

15 Ӕппӕты уӕллаг къӕпхӕнӕн, нывондхӕссӕнӕн, йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигътыл конд сыкъатӕн та сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ ӕлмӕрины.

16 Нывондхӕссӕн у цыппаркъуымон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ сты дыууадӕсгай ӕлмӕринтӕ.

17 Нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый дӕр — цыппаркъуымон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ — цыппӕрдӕсгай ӕлмӕринтӕ. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, уый у ӕмбисӕлмӕрины ӕрфӕн, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд та у иу ӕлмӕрин».

18 Ӕмӕ мын уый загъта: «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ нывондхӕссӕны уагӕвӕрдтӕ, куы йӕ саразой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ хӕссын ӕмӕ нывӕндты туг пырх кӕнын куы райдайой, уыцы бонмӕ.

19 Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕн-иу, Цадокы байзӕддӕгтӕй чи у, Мӕ рӕзы чи лӕггад кӕна, уыдонӕн, Мӕ сауджынтӕн, галты дзугӕй тӕригъӕды нывондӕн ратт иу гал.

20 Райс-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кӕн нывондхӕссӕны цыппар сыкъайы, стӕй, нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый цыппар фисыны, ноджы ма, бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, ууыл, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

21 Тӕригъӕды нывондӕн цы гал аргӕвстой, уый басудз Кувӕндоны ӕдде, нысангонд бынаты.

22 Дыккаг бон-иу тӕригъӕды нывондӕн сӕгъты дзугӕй ӕрхӕсс ӕнӕсахъат цӕу. Нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕнт, нывонд уӕныджы тугӕй йӕ куыд сӕххӕст кодтой, афтӕ.

23 Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу галты дзугӕй ӕрбакӕн ӕнӕсахъат гал, фысты дзугӕй та — ӕнӕсахъат фыр.

24 Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн.

25 Авд боны дӕргъы-иу алы бон дӕр тӕригъӕды нывондӕн хӕссут цӕу, иууылсудзинагӕн та-иу алы бон дӕр галты дзугӕй хӕссут ӕнӕсахъат гал, фысты дзугӕй та — ӕнӕсахъат фыр.

26 Авд боны дӕргъы-иу ӕххӕст кӕнӕнт нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау ӕмӕ-иу дзаг кӕнӕнт сӕ къухтӕ.

27 Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд-иу уын, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ, сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕссӕнт уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фидыды нывӕндтӕ, ӕмӕ уыл Ӕз ауддзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan