Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕрхон Йерусалимӕн

1 Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв.

2 Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.

3 Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.

4 Ды та-иу дӕ галиу фарсыл ӕрхуысс ӕмӕ-иу дӕхиуыл Израилы адӕмы тӕригъӕд сӕвӕр. Дӕ фарсыл цал боны фӕхуыссай, уал боны сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты дӕ уӕлӕ.

5 Тӕригъӕдтӕ цал азы фӕкодтой, уал боны дын снысан кодтон — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны хӕсдзынӕ дӕ уӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕд.

6 Уый куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу дыккаг хатт ӕрхуысс — ныр та дӕ рахиз фарсыл, ӕмӕ Иудейы адӕмы азым хӕсс дыууиссӕдз боны, азы ныхмӕ дын Ӕз снысан кодтон бон.

7 Де ’ргом ӕмӕ дӕ дысфӕлдӕхт къух ӕрхъулагонд Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.

8 Мӕнӕ дыл Ӕз сӕвӕрдзынӕн рӕхыстӕ ӕмӕ дӕ иу фарсӕй иннӕмӕ разилын дӕ бон не суыдзӕн, цалынмӕ дӕ ӕрхъулайы бонтӕ фӕуой, уӕдмӕ.

9 Дӕхицӕн райс мӕнӕу, хъӕбӕрхор, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур, еуу ӕмӕ нӕлмӕнӕу. Иу мигӕнӕны сӕ ныккӕн ӕмӕ дзы дӕхицӕн цъаргӕндтӕ сфыц, дӕ фарсыл цы бонтӕ хуыссай, уыдоны нымӕцмӕ гӕсгӕ. Хӕрдзынӕ сӕ ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.

10 Дӕ хойрагӕй-иу алы бон дӕр — боны дӕргъы — хӕр ссӕдз шекелы бӕрц.

11 Дон дӕр-иу нуаз барстӕй, боны дӕргъы — гины иу ӕхсӕзӕймаг хай.

12 Хӕр-иу хъӕбӕрхоры цъаргӕндтӕ ӕмӕ-иу сӕ ӕппӕт адӕмы цӕстыты раз фыц адӕймаджы ӕппарӕнтыл».

13 Дунедарӕг ма Йӕ ныхасыл бафтыдта: «Афтӕ израилӕгтӕ, цы адӕмтӕм сӕ фӕсурон, уыдоны ’хсӕн хӕрдзысты сӕ чъизи хойраг».

14 Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».

15 Уый мын загъта: «Ӕз дын бар дӕттын адӕймаджы ӕппарӕнты бӕсты хъуджы фаджыс райсын, ӕмӕ-иу ууыл фыц дӕ дзул».

16 Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты.

17 Уымӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафдзысты къӕбӕр ӕмӕ донӕй. Сӕ алкӕй дӕр тас бацӕудзӕн, ӕмӕ баруайдзысты сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan