Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ды та, адӕймаг, Гогы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ!

2 Фездахдзынӕн дӕ ӕмӕ дӕ ракӕндзынӕн дард цӕгатӕй, Израилы хӕхтӕм дӕ ӕркӕндзынӕн.

3 Уым дын дӕ галиу къухӕй акъуырдзынӕн де ’рдын, дӕ рахиз къухӕй та дын аппардзынӕн дӕ фаттӕ.

4 Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.

5 Тыгъд быдыры де сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

6 Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

7 Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.

8 Кӕй кой уын кодтон, уыцы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

9 Уӕд Израилы сахарты цӕрджытӕ рацӕудзысты ӕмӕ артагӕн хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты: рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, фаттӕ ӕмӕ ӕрдынтӕ, мыдзыратӕ ӕмӕ ӕрцытӕ. Авд азы дӕргъы сӕ судздзысты.

10 Нӕдӕр быдырӕй суг хӕсдзысты, нӕдӕр хъӕды бӕлӕстӕ калдзысты, судздзысты ӕрмӕстдӕр хӕцӕнгӕрзтӕ. Чи сӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты, хӕлӕттаг сӕ чи кодта, уыдоны ныххӕлӕттаг кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

11 Уыцы бон Гогӕн Израилы зӕххыл мӕрдтӕ ӕвӕрынӕн Бӕлццӕтты дӕлвӕз ратдзынӕн, денджызӕй скӕсӕнӕрдӕм. Уыцы дӕлвӕзыл ацӕуӕн нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр суыдзӕни уӕлмӕрдты бынат. Уым ныгӕд ӕрцӕудзысты Гог ӕмӕ йе ’ппӕт ӕрдонгтӕ, ӕмӕ йӕ схуындӕуыдзӕн Гогы ӕрдонгты дӕлвӕз.

12 Израилӕгтӕ сӕ авд мӕйы дӕргъы ныгӕндзысты, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной.

13 Бӕстӕйы адӕм сӕ се ’ппӕт дӕр ныгӕндзысты, ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн уыцы бон, скадджын уыдзысты Мӕ адӕм дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

14 Авд мӕйы фӕстӕ бӕрӕгдзауты снысан кӕндзысты, цӕмӕй ӕнӕсцухӕй бӕстӕйыл зилой ӕмӕ ма зӕххы уӕлцъар чи баззад, уыдоны мӕрдтӕ ныгӕной ӕмӕ зӕхх ссыгъдӕг кӕной.

15 Бӕрӕгдзаутӕй-иу исчи адӕймаджы стӕгдарыл куы сӕмбӕла, уӕд-иу ын йӕ разы бӕрӕггӕнӕн ныссадздзӕни, цӕмӕй йӕ стӕй мардныгӕнджытӕ Гогы ӕрдонгты дӕлвӕзы баныгӕной.

16 Уыцы сахарӕн йӕ ном уыдзӕн Хамона. Афтӕмӕй ссыгъдӕг уыдзӕни зӕхх“.

17 Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алы мыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн фехъусын кӕн: „Алырдыгӕй ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут Мӕ нывондмӕ, Ӕз уын цы кусарт кӕнын, уымӕ, ӕрӕмбырд ут стыр куывдмӕ Израилы хӕхтӕм! Хӕрут дзидза ӕмӕ нуазут туг!

18 Ӕхсарджын лӕгты фыд хӕрдзыстут ӕмӕ бӕстӕйы ӕлдӕртты туг нуаздзыстут, цыма Башаны хӕрзхаст фырытӕ, уӕрыччытӕ, цӕутӕ ӕмӕ галтӕ сты, уыйау.

19 Цы нывонд уын акусарт кӕнон, уый фиуӕй ӕфсаддзыстут уӕхи, йӕ тугӕй та кӕндзыстут расыг.

20 Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхтӕ, барджытӕ, ӕхсарджынтӕ ӕмӕ алы хӕстон адӕмы туг ӕмӕ фыдӕй“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Израилы фидӕн

21 Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл.

22 Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.

23 Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.

24 Сӕ чъизитӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндты тыххӕй бакодтон уыдӕттӕ — аздӕхтон сӕ Ме ’ргом».

25 Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.

26-27 Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты.

28 Адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ, ӕмӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.

29 Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan