Езекиел 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРагуац хус стджыты тыххӕй 1 Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй. 2 Сӕ алывӕрсты мӕ ӕрзилын кодта: дӕлвӕзы уыди ӕнӕнымӕц стджытӕ ӕмӕ тынг ныххус сты. 3 Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ райгас уыдзысты, цымӕ?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Дунедарӕг Хуыцау! Уый Ды зоныс ӕрмӕстдӕр». 4 Уӕд мын Уый загъта: «Ацы стджыты тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: „Уӕ, хус стджытӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ. 5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз уын уӕ мидӕг царды комулӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. 6 Нуӕрттӕй уӕ бамбӕрздзынӕн, буар уыл ӕрзайын кӕндзынӕн, уый уӕлӕ та — царм; царды комулӕфт уын ратдзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». 7 Ӕз, бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ, пехуымпариуӕг куы кодтон, уӕд райхъуысти уынӕр, стджытӕ базмӕлыдысты ӕмӕ байдыдтой кӕрӕдзиимӕ иу кӕнын, стӕг — стӕгимӕ. 8 Ӕмӕ ӕз федтон: фӕзынди сыл нуӕрттӕ, ӕрзади сыл буар, уый уӕлӕ та — царм, фӕлӕ царды комулӕфт нӕма уыди сӕ мидӕг. 9 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“». 10 Ӕз, Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ сӕ мидӕг царды комулӕфт бацыд, райгас сты ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл — тынг бирӕ, ӕнӕнымӕц бирӕ ӕфсад. 11 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд». 12 Уымӕ гӕсгӕ сын рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕм, Ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн, сисдзынӕн уӕ уырдыгӕй ӕмӕ уӕ Израилы зӕхмӕ ӕрбакӕндзынӕн. 13 Ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, уӕ ингӕнтӕ уын куы байгом кӕнон ӕмӕ уӕ уырдыгӕй куы сисон, уӕд. 14 Мӕ комулӕфт уын бауадздзынӕн уӕ мидӕг, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Ӕз уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл, ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз, Дунедарӕг, кӕй загътон ӕмӕ Мӕ ныхас кӕй сӕххӕст кодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг. Израил ӕмӕ Иудей баиу уыдзысты 15 Дунедарӕг мын загъта: 16 «Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се ’мцӕдисонтӕн“. 17 Баиу кӕн дыууӕ лӕдзӕджы, дӕ къухы иу куыд уой, афтӕ. 18 Де ’мбӕстӕгтӕ дӕ куы фӕрсой, дӕ къухы уый цы амоны, зӕгъгӕ, 19 уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз райсдзынӕн Йосефы лӕдзӕг, Ефрем ӕмӕ йе ’мцӕдисон израилаг хӕдзарвӕндӕгты къухы чи ис, уый, Иудӕйы лӕдзӕгимӕ йӕ баиу кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ сараздзынӕн иу лӕдзӕг, баиу уыдзысты Мӕ къухы“. 20 Цы дыууӕ лӕдзӕгыл ныффыссай, уыдон сӕ разы дӕ къухмӕ куы райсай, 21 уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: израилӕгты ракӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн кӕм цӕрынц, уырдыгӕй, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзынӕн алырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ. 22 Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты. 23 Сӕхи нал фӕчъизи кӕндзысты сӕ хуыцаугӕндтӕм ӕмӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй, сӕ алы фыдракӕндӕй. Суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, тӕригъӕды кӕм цыдысты, сӕ уыцы цӕрӕнбынӕттӕй, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау. 24 Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ. 25 Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг. 26 Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон. 27 Уыдонмӕ уыдзӕни Мӕ цӕрӕн, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм. 28 Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia