Езекиел 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцауы зӕрдӕбавӕрд Израилы хӕхтӕн 1 Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! 2 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ, 3 уый тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алырдыгӕй уӕ гӕныстон кӕнынц, лӕбурынц уӕм, цӕмӕй иннӕ адӕмты амӕттаг бауат, уӕ фыдгой кӕной ӕмӕ уыл худой. 4 Уый тыххӕй, Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ алыварс адӕмты амӕттаг чи баци ӕмӕ уыдонӕн хынджылӕггаг чи сси, уыцы хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн, дӕлвӕзтӕн, гӕныстон хӕлддзӕгтӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг сахартӕн 5 афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ». 6 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн Израилы тыххӕй ӕмӕ зӕгъ хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз ацы ныхас мӕстӕй судзгӕйӕ дзурын, уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн хынджылӕггаг систут. 7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, уӕ алфамбылай адӕмтӕн сӕ хынджылӕг сӕхи ныхмӕ кӕй фӕуыдзӕн, уый тыххӕй. 8 Сымах та, Израилы хӕхтӕ, рауадздзыстут уӕ къабузтӕ ӕмӕ Мӕ адӕм Израилӕн дӕтдзыстут уӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕхджы ӕрбацӕудзысты. 9 Ӕз уӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом, ӕмӕ уӕ бахуым кӕндзысты ӕмӕ байтаудзысты. 10 Сымахыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм — ӕппӕт израилӕгты. Уыдон сахарты ӕрцӕрдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ рацараздзысты. 11 Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 12 Ӕрбакӕндзынӕн уӕм Мӕ адӕм Израилы, ӕмӕ уын уыдон ӕлдариуӕг кӕндзысты. Сӕ исбон бауыдзыстут ӕмӕ сын сӕ зӕйц нал сафдзыстут. 13 Дунедарӕг Хуыцау зӕгъы: афтӕ уын кӕй фидис кӕнынц, сымах адӕмы ныхъуырут ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц сафут, зӕгъгӕ, 14 уымӕ гӕсгӕ нал ныхъуырдзыстут адӕмы ӕмӕ сӕ зӕйц нал сафдзыстут уӕ адӕмӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 15 Уӕд уыл адӕмтӕ нал худдзысты, фидистӕ уын нал кӕдзысты ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц дӕр нал сафдзыстут уӕдӕй фӕстӕмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 16 Дунедарӕг мын загъта: 17 «Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм сӕ зӕххыл куы цардысты, уӕд ӕй фӕчъизи кодтой сӕ митӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй. Сӕ царды уагӕй фӕчъизи кодтой сӕхи дӕр, сылгоймаг йе ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман куыд чъизи вӕййы, уыйау. 18 Ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырстон, уыцы зӕххыл туг кӕй ныккалдтой ӕмӕ йӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй. 19 Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. 20 Цы адӕмтӕм фӕцыдысты, уыдоны раз Мын фегад кодтой Мӕ уаз ном, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмтӕ дзырдтой: „Дунедарӕджы адӕм сты адон, Йӕ зӕххӕй сӕ фӕсырдтой.“ 21 Ӕз бахъынцъым кодтон, израилӕгтӕ цы адӕмтӕм бацыдысты, уыдоны раз Мын Мӕ уаз ном кӕй фегад кодтой, уый тыххӕй. 22 Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, сымах тыххӕй нӕ, фӕлӕ Мын, ӕцӕгӕлон адӕмтӕм бацӕугӕйӕ, кӕй фегад кодтат, уыцы уаз номы сӕраппонд ахӕм хъуыддаг бакӕндзынӕн. 23 Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 24 Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ. 25 Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй. 26 Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн. 27 Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ. 28 Ӕрцӕрдзыстут, уӕ фыдӕлтӕн уын цы зӕхх радтон, ууыл ӕмӕ суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн уӕ Хуыцау. 29 Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат. 30 Сбирӕ кӕндзынӕн дыргъ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад дӕр, цӕмӕй уын уе стонджы тыххӕй мауал фидис кӕной ӕцӕгӕлон адӕмтӕ. 31 Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй. 32 Мӕн фӕнды, цӕмӕй зонат: сымах сӕраппонд нӕ кӕндзынӕн ацы хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Израилы адӕм, уӕ цӕсгом фыр ӕфсӕрмӕй судзӕд уӕ фыдракӕндты аххосӕй. 33 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уӕ тӕригъӕдтӕй уӕ куы ссыгъдӕг кӕнон, сахарты уӕ куы ’рцӕрын кӕнон ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй арӕзт куы ’рцӕуой, 34 гӕныстон зӕхх куыстгонд куы цӕуа, йӕ рӕзты цӕуӕг фӕндаггӕттӕ йӕ куыд уыной, афтӕ, 35 уӕд уыдон зӕгъдзысты: „Ацы гӕныстон зӕхх Едемы дыргъдон фестади; хӕлд, гӕныстон ӕмӕ пырх сахартӕ дӕр ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ адӕмӕй байдзаг сты“. 36 Ӕмӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ баззайа, уыдон базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, пырх цы уыд, уый ногӕй кӕй аразын ӕмӕ, гӕныстон цы уыд, уым бӕлӕстӕ кӕй садзын. Ӕз, Дунедарӕг, бакӕндзынӕн, цы загътон, уый». 37 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау. 38 Йерусалимы йӕ бӕрӕгбӕтты заман нывондаг фос куыд бирӕ вӕййынц, уыйау адӕмӕй байдзаг уыдзысты раздӕры пырх сахартӕ. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia