Езекиел 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстТӕрхон Едомӕн 1 Дунедарӕг мын загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сеиры хӕхбӕстӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ. 3 Фехъусын ын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Сеир! Мӕ къух дӕм сисдзынӕн ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн. 4 Дӕ сахартӕ дын хӕлддзӕгты кӕритӕ фестын кӕндзынӕн; сафтид уыдзынӕ ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 5 Израилы адӕммӕ де ’нӕуынондзинад ӕнусон кӕй у, уый тыххӕй сӕ ды сӕ бӕллӕхы, сӕ азары бон, карды амӕттаг бакодтай. 6 Ӕмӕ сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — дӕ туджы дӕ фӕмӕцын кӕндзынӕн, тугисджытӕ зилдзысты дӕ фӕдыл. Туг ныккалынмӕ ӕмхиц кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй дын дӕхи туг дӕр ӕрцагуырдӕуыдзӕн. 7 Ӕз Сеиры хӕхбӕстӕ сафтид кӕндзынӕн, афтид ӕмӕ ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕни, налдӕр ӕм бацӕуӕг уыдзӕн, налдӕр уырдыгӕй рацӕуӕг. 8 Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де ’ппӕт мӕсчъыты. 9 Мыггагмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты никуыуал ничи ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 10 Афтӕ кӕй дзырдтай, ацы дыууӕ адӕмы ӕмӕ ацы дыууӕ бӕстӕйы мӕн уыдзысты ӕмӕ сӕ нӕхи бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, — афтӕмӕй та уым Дунедарӕг царди, — 11 уый тыххӕй Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — цы ӕнӕуынондзинад ӕмӕ сӕм цы хӕлӕгдзинад равдыстай, уымӕ гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн. Уыдонӕн та Мӕхи раргом кӕндзынӕн, дӕуӕн куы тӕрхон кӕнон, уӕд. 12 Ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй фехъуыстон, ды Израилы хӕхтӕн куыд фидис кодтай, ныггӕныстон сты ӕмӕ нӕ амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уый. 13 Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон. 14 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Израилы зӕхх цинӕй куы райа, уӕд дӕу та ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн. 15 Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia