Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн сӕ фыййӕутты ныхмӕ пехуымпар ныхас фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона Израилы фыййӕуттӕн, сӕхи мӕт чи кӕны, уыдонӕн! Ау, сымах хъуамӕ уӕ дзуджы мӕт ма кӕниккат?

3 Сымах ӕхсыр нуӕзтат, фӕсмын дарӕстӕ дардтат ӕмӕ хӕрзхаст фыстӕ ӕргӕвстат, рӕгъауыл та нӕ аудыдтат.

4 Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не ’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр.

5 Мӕ фос ныххӕлиу сты ӕнӕ фыййауӕй, хъӕддаг сырдты амӕттаг баисты.

6 Адзӕгъӕл сты алы хӕхтӕ, алы бӕрзӕндтыл, ныххӕлиу сты ӕппӕт зӕххы цъарыл, ӕмӕ ничи цӕуы сӕ фӕдыл, ничи сӕ агуры.

7 Уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.

8 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕ фос ӕнӕ фыййауӕй ӕфтиаг кӕй фестадысты, хъӕддаг сырдты амӕттаг кӕй баисты, Мӕ фыййӕуттӕ сӕ кӕй нӕ агуырдтой ӕмӕ фос хизыны бӕсты сӕхи мӕт кӕй кодтой,

9 уый тыххӕй, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.

10 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз сыстдзынӕн фыййӕутты ныхмӕ, мӕ фос сӕ ӕрцагурдзынӕн. Фос хизын сын нал бабар кӕндзынӕн, ӕмӕ нал кӕндзысты сӕхи мӕт. Мӕ фосы фыд сын сласдзынӕн сӕ дзыхтӕй ӕмӕ йӕ нал хӕрдзысты.


Хорз фыййау зилы йӕ фосмӕ

11 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн Мӕ фос ӕмӕ сӕм ӕркӕсдзынӕн.

12 Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.

13 Ракӕндзынӕн сӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу сты, уырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ. Хиздзынӕн сӕ Израилы хӕхтыл, цӕугӕдӕтты цур, бӕстӕйы ӕппӕт уӕтӕрты.

14 Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл.

15 Ӕз Мӕхӕдӕг хиздзынӕн Мӕ фос, Мӕхӕдӕг сын фӕлладуадзӕн рӕстӕг ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

16 Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.

17 Сымахӕн та, Мӕ дзуг, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ дзуджы фысты ’хсӕн, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты ’хсӕн, Ӕз быцӕу ӕвзардзынӕн Мӕхӕдӕг.

18 Сойджын сӕрвӕты кӕй хизут, уый сымах фагыл нӕ нымайут ӕмӕ йын йӕ уӕлдай ссӕндут уӕ къӕхтӕй; сымах нуазут сыгъдӕг дон, йӕ уӕлдай та йын змӕнтут уӕ къӕхтӕй,

19 ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ иннӕ фос хӕрдзысты уӕ къӕхтӕй ссӕст ӕмӕ нуаздзысты уӕ къӕхтӕй змӕст.

20 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг ӕвзардзынӕн быцӕу нард фыс ӕмӕ мӕллӕг фысы ’хсӕн.

21 Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ.

22 Ӕз суӕгъд кӕндзынӕн Мӕ фосы, ӕмӕ нал цӕудзысты тӕлӕтгонд. Ӕз-иу Мӕхӕдӕг фысты ’хсӕн быцӕу равзардзынӕн.


Сабыр ӕмӕ ӕдас бӕстӕ

23 Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау.

24 Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.

25 Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.

26 Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ.

27 Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се ’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се ’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

28 Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни.

29 Сӕ зӕххы бӕркад сын сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сыдӕй нал мӕлдзысты сӕ бӕстӕйы, адӕмтӕ сын нал кӕндзысты фидис.

30 Уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ кӕй дӕн ӕмӕ уыдон та, Израилы адӕм, Мӕ адӕм кӕй сты, уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

31 Сымах Мӕ фос стут, Мӕ уӕтӕры дзуг. Сымах адӕм стут сымах, Ӕз та уӕ Хуыцау дӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan