Езекиел 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХъарӕг фараон ӕмӕ Мысырыл 1 Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“. 3 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: бирӕ адӕмты раз дыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕмӕ дӕ уыдон ӕрцахсдзысты Мӕ хызы. 4 Ӕз дӕ тыгъд быдыры фехсдзынӕн зӕххыл, ӕмӕ-иу дыл ӕрбаддзысты алы тӕхгӕ мӕргътӕ, сӕхи дӕ ӕфсаддзысты алы хъӕддаг сырдтӕ. 5 Дӕ холыйы фыд дын ныппырх кӕндзынӕн хӕхтыл, байдзаг дзы кӕндзынӕн дӕлвӕзтӕ. 6 Зӕхх бафсаддзынӕн дӕ тугӕй, уый анхъӕвздзӕни суанг хӕхты онг, байдзаг дзы уыдзысты мӕсчъытӕ. 7 Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс. 8 Дӕ сӕрмӕ арвыл цыдӕриддӕр рухсгӕнӕнтӕ ис, уыдон батар кӕндзынӕн ӕмӕ зӕххыл саудалынг бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 9 Дӕ сӕфты хабар дын куы айхъуысын кӕнон, уӕд ӕвирхъау тасы бацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, суанг йӕ кой кӕмӕн никуы фехъуыстай, уыдон дӕр. 10 Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн. 11 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Вавилоны паддзах йӕ кард сисдзӕни дӕ ныхмӕ. 12 Тыхгӕнджыты кардӕй бабын уыдзысты дӕ адӕм. Уыдон сты адӕмты фыддӕртӕ ӕмӕ бабын кӕндзысты Мысыры ӕфсад, сӕрыстыр кӕмӕй у, уый. Йӕ адӕм иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты. 13 Ӕз ын йӕ бирӕ фос ныццӕгъддзынӕн Нилы былгӕрӕтты, ӕмӕ йын йӕ дӕттӕ налдӕр лӕджы къах змӕнтдзӕн, налдӕр фосы сӕфтӕг. 14 Афтӕмӕй Нилы донӕн Ӕз ратдзынӕн ӕнцой, ӕмӕ йӕ дӕттӕ акӕлдзысты сойау, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 15 Мысыры зӕхх куы федзӕрӕг кӕнон, йе ’ппӕт адӕмы дӕр ын куы ныддӕрӕн кӕнон ӕмӕ йӕ ис-бисӕй ӕнӕхай куы фӕуа, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 16 Уӕд скӕндзысты хъарӕг, ӕмӕ-иу уыцы хъарӕг сисдзысты алы адӕмты сылгоймӕгтӕ. Хъарӕг кӕндзысты Мысырыл ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау». 17 Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта: 18 «Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл. 19 Кӕмӕй уӕлдӕр дӕ ды? Ныххау дӕлдзӕхмӕ ӕмӕ уым ӕнӕсунӕтты раз ӕрхуысс! 20 Карды амӕттаг чи баци, уыдонау ды дӕр ӕрхуысдзынӕ сӕ цуры. Ныридӕгӕн цӕттӕ у кард — бабын уӕд фараон йе ’ппӕт ӕрдонгтимӕ! 21 Мӕрдтыбӕстӕйы уымӕн дӕр ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕн дӕр фидистӕ куы кӕндзысты хъомысджын хӕстонтӕ. Мысырӕгтӕ карды амӕттаг куы бауыдзысты, ӕрхуысдзысты ӕнӕсунӕтты раз. 22 Уым — Ассири йе ’ппӕт ӕфсадимӕ, йӕ алыварс — йӕ хӕстонты цыртытӕ, иууылдӕр куы бабын сты кардӕй. 23 Ассирийы цыртытӕ — мӕрдтыбӕстӕн суанг йӕ тӕккӕ арфы, йӕ цырты алыварс — йе ’ппӕт ӕфсад; уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй. 24 Уым — Елам йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс; дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд, уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй; дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг. 25 Кӕй амардӕуыд, уыдоны раз Еламӕн рардӕуыди хуыссӕн йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ, йӕ алыварс — сӕ цыртытӕ; иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ. Уӕлӕуыл цардудтыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой ӕмӕ ныр, дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг, уыдоны ’хсӕн сӕ сӕвӕрдтой. 26 Уым — Мешех ӕмӕ Тувал се ’ппӕт ӕрдонгтимӕ, сӕ алыварс — сӕ цыртытӕ; иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕлӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл. 27 Уыдонӕн дӕр сӕ хъысмӕт — ӕнӕсунӕт хӕстонты раз ӕрхуыссын, ӕд хотыхтӕ мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыд, сӕ кӕрдтӕ сӕ нывӕрзӕн кӕмӕн сты, сӕ уартытӕ се стджытыл кӕмӕн равӕрдтой. Кӕддӕр та уыдон уӕлӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл. 28 Ды дӕр ӕрцӕудзынӕ ӕнӕсунӕттау сӕфт, карды амӕттаг чи баци, уыдоны раз ӕрхуысдзынӕ. 29 Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы Едом йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ, карды амӕттаг чи баци, уыцы хъӕбатыр хӕстонтимӕ. Уым хуыссынц, мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыди, уыцы ӕнӕсунӕтты раз. 30 Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цӕгаты барджын ӕлдӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ӕппӕт сидойнӕгтӕ. Уыдон дӕр — хъӕбатыр хӕстонтӕ, уӕлӕуыл цардудтыл ӕфтыдтой стыр тас ӕмӕ, кӕй амардӕуыд, уыдонимӕ ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ, уым, карды амӕттаг чи баци, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг. 31 Фараон сӕ фендзӕн ӕмӕ нал хъынцъым кӕндзӕн йӕ бирӕ адӕмыл. Карды амӕттаг бауыдзысты фараон ӕмӕ йе ’ппӕт ӕфсад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 32 Уӕлӕуыл цардудты Ӕз бауадздзынӕн фыд тас, фараон ӕмӕ йӕ бирӕ адӕм та ӕвӕрд ӕрцӕудзысты ӕнӕсунӕтты раз, карды цӕфӕй чи фӕмарди, уыдоны раз», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia