Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мысыры сӕфт

1 Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Зӕгъ фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, стӕй йӕ адӕмӕн: „Кӕимӕ абардзынӕ дӕ хъомыс?

3 Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.

4 Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд, дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ, йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл, ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.

5 О, ацы бӕлас басгуыхти бӕрзонддӕр, стӕй къабузджындӕр хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй, йӕ къалиутӕ дӕр донӕфсӕстӕй райрӕзтысты.

6 Алы мӕргътӕ-иу йӕ къалиутыл ахстӕттӕ сбыдтой, йӕ къабузты бын-иу сӕ зӕйц рауагътой алы сырдтӕ, йӕ аууоны-иу ӕрбынат кодтой алы стыр знӕмтӕ.

7 Куыд диссаджы рӕсугъд уыди, куыд бӕрзонд, куыд даргъ уыдысты йӕ къабузтӕ, уымӕн ӕмӕ стыр дӕтты былгӕрон ауагъта йӕ уидӕгтӕ.

8 Хуыцауы дыргъдоны кедрты цур дӕр йӕ хуыз нӕ тар кодта. Нӕ уыдысты йӕ къалиуты фидауцӕн кипаристӕ, йӕ къабузты ставдӕн — тӕрс бӕлӕстӕ. Хуыцауы дыргъдоны бӕлӕсты астӕу йӕ рӕсугъдӕн ӕмбал нӕ уыди.

9 Йӕ бирӕ къабузтӕй йӕ сфӕлыстон Мӕхӕдӕг, хӕлӕг ӕм кодтой Едемы бӕлӕстӕ, Хуыцауы дыргъдоны сагъд чи уыди, уыдон“».

10 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал,

11 уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон адӕмты паддзахы къухтӕм, ӕмӕ йын уый бакодта, куыд ын хъуыди, афтӕ. Ӕз ыл Мӕхи атигъ кодтон йе ’наккаг миты аххосӕй.

12 Акъуырдтой йӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ, адӕмты фыддӕртӕ, ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой хӕхтыл. Ӕппӕт дӕлвӕзтыл адӕргъ сты йӕ къабузтӕ, йӕ къалиутӕ ныппырх сты ӕппӕт мӕсчъытыл. Йӕ аууоны цы знӕмтӕ царди, уыдон ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.

13 Йӕ калд зӕнгыл ын алы мӕргътӕ ӕрбадтысты, йӕ къалиутыл та алы сырдтӕ ӕрцардысты.

14 Уӕдӕ донбыл сагъд бӕлӕстӕй йӕ зӕнджы бӕрзондӕй макӕцы раппӕлӕд ӕмӕ сӕ ӕврӕгъты онг йӕ цъупп макӕцы сисӕд. Дон нуазӕг бӕлӕстӕй йӕхи макӕцы уӕлдӕр кӕнӕд иннӕтӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты мӕлӕтмӕ — ингӕнмӕ, мӕрдтыбӕстӕм цы адӕм ныххызтысты, уыдонимӕ».

15 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕлас мӕрдтыбӕстӕм куы ныххызт, уӕд ыл Ӕз бахъынцъым кӕнын кодтон ӕгӕрон фурд. Сӕхгӕдтон ӕй, бацауӕзтон ын йӕ цӕугӕдӕттӕ, ӕрлӕууын кодтон стыр дӕттӕ ӕмӕ Ливанӕн ацы бӕласыл сау дарын бафӕдзӕхстон. Хъыг ыл кодтой хъӕды иннӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.

16 Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.

17 Уымӕн ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ, йӕ аууоны чи цард адӕмты ’хсӕн, уыдон дӕр йемӕ ныххызтысты мӕрдтыбӕстӕм, карды амӕттаг чи баци, уыдонмӕ.

18 Уӕдӕ ды Едемы бӕлӕстӕй кӕй баййӕфтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысӕй? Ныр ды дӕр Едемы бӕлӕстау ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ мӕрдтыбӕстӕм ӕмӕ ӕнӕсунӕтты, карды амӕттаг чи баци, уыдоны ’хсӕн лӕзӕрдзынӕ. Уыдон сты фараон ӕмӕ йӕ бирӕ дӕм», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan