Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕрхон Мысырӕн

1 Дӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом аздах фараоны, Мысыры паддзахы ’рдӕм, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн фараон ӕмӕ ӕппӕт Мысыры ныхмӕ.

3 Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.

4 Фӕлӕ дӕ Ӕз ӕрцахсдзынӕн ӕнгуырӕй ӕмӕ дӕ сӕппардзынӕн дӕ цӕугӕдонӕй, Нилы ӕппӕт кӕсӕгтӕ дын дӕ хӕрвыл ӕрцауындздзынӕн, афтӕмӕй.

5 Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.

6 Ӕмӕ уӕд Мысыры цӕрджытӕ иууылдӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ды Израилы адӕмӕн разындтӕ хъӕзӕй конд лӕдзӕгау:

7 куы дыл ныххӕцыдысты, уӕд афастӕ ӕмӕ сын сын се уӕхсчытӕ ныррӕхуыстай; куы дыл ӕрӕнцой кодтой, уӕд асастӕ, ӕмӕ сӕ къӕхтӕ фӕдыдӕгътӕ сты.

8 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ дӕм Ӕз кард сисдзынӕн, ныццӕгъддзынӕн дын дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ фос дӕр.

9 Мысыры зӕхх ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ды, фараон, афтӕ загътай, Нил мӕн у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.

10 Фӕлӕ Ӕз Ме ’ргом сараздзынӕн дӕ цӕугӕдӕтты ныхмӕ ӕмӕ Мысыры зӕхх фестын кӕндзынӕн гӕныстон сыгъд быдыр, Мигдолӕй Сиенейы онг, суанг Эфиопийы арӕны онг.

11 Дыууиссӕдз азы дӕргъы дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕни, налдӕр ыл адӕймаджы къах ӕрлӕудзӕн, налдӕр — фосы къах.

12 Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.

13 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мысырӕгтӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу уой, уым сыл дыууиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн.

14 Уацарӕй сӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн сӕ фыдыуӕзӕгмӕ, Патросы зӕхмӕ, ӕмӕ уым лӕмӕгъ паддзахад суыдзысты.

15 Сӕ паддзахад иннӕ паддзахӕдтӕй уыдзӕни лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕз сӕ ӕрӕлхъивдзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты мауал ӕфхӕрой.

16 Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нал бауыдзӕн Израилы адӕмӕн мӕнг ныфсытӕ ӕвӕрын. Мӕ адӕм нал фӕрӕдидзысты ӕмӕ сыл нал баууӕнддзысты, цӕмӕй мауал фӕазымджын уой, ӕмӕ уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый“».


Паддзах Навуходоносор бацахсдзӕни Мысыр

17 Нӕ ахасты авд ӕмӕ ссӕдзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:

18 «Адӕймаджы фырт! Вавилоны паддзах Навуходоносор Тиры сахарыл куы ӕртыхст, уӕд тынг бакусын кодта йе ’фсадӕн. Фыргуыстӕй сӕ сӕртӕ сцӕгӕр сты ӕмӕ сӕ уӕхсчытӕ стугӕрхӕмттӕ сты. Фӕлӕ Навуходоносор Тиры ныхмӕ цы хъазуатон куыст бакодта, уый тыххӕй нӕдӕр йӕхӕдӕг райста хӕрзиуӕг, нӕдӕр йе ’фсад.

19 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе ’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг.

20 Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

21 Уыцы бон Ӕз Израилы адӕмы ногӕй схъомысджын кӕндзынӕн, дӕуӕн та ратдзынӕн уыдонӕн пехуымпариуӕг кӕныны бар, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan