Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕрхон Тиры хирвӕссон паддзахӕн

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс.

3 Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.

4 Дӕ куырыхон зонды фӕрцы схъӕздыг дӕ ӕмӕ дӕ хӕзнадӕттӕ байдзаг кодтай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй.

5 Сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстӕ, уый фӕрцы сбирӕ кодтай дӕ исбон ӕмӕ дӕ бирӕ исӕй схъал дӕ.

6 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: дӕ зонд Хуыцауы зондимӕ иу ӕмвӕзыл кӕй ӕвӕрыс,

7 уый тыххӕй дын Ӕз дӕ ныхмӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕндӕрбӕстӕгты, адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ уыдон сласдзысты сӕ кӕрдтӕ дӕ цӕхӕркалгӕ уӕлзондмӕ ӕмӕ дын фегад кӕндзысты дӕ диссаджы фидауц.

8 Дӕлдзӕхмӕ дӕ ныппардзысты, ӕмӕ, тыхмард кӕй акӕнынц, уыдонау фурды астӕу амӕлдзынӕ.

9 Ӕмӕ уӕд дӕ марӕджы раз дӕр, адӕймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ зӕгъдзынӕ, мыййаг, ӕз хуыцау дӕн, зӕгъгӕ?

10 Ды амӕлдзынӕ ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй, ӕнӕсунӕттӕ куыд амӕлынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг Хуыцау».


Хъарӕг Тиры паддзахыл

11 Дунедарӕг мын загъта:

12 «Адӕймаджы фырт! Хъарӕг кӕн Тиры паддзахыл ӕмӕ йын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Алцӕмӕй ӕххӕст уыдтӕ ды, ӕвидигӕ — дӕ уӕлзонд, тӕмӕнкалгӕ — дӕ фидауц.

13 Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.

14 Дӕу байсӕрстӕуыд, цӕмӕй суай хъахъхъӕнӕг херувим. Хуыцауы уаз хохыл ӕрӕвӕрдтон Ӕз дӕу, ӕмӕ цӕхӕркалгӕ дурты астӕу ды рацу-бацу кодтай.

15 Ӕнӕкъӕм уыдтӕ дӕ алы фӕндагыл, куы дӕ сфӕлдыстӕуыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ, фӕлӕ рацыди рӕстӕг, ӕмӕ дӕ мидӕг разынди фыддзинад.

16 Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн, ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй, тӕригъӕд ракодтай. Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз Хуыцауы хохӕй раппӕрстон, цӕхӕркалгӕ дурты ’хсӕнӕй фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.

17 Дӕ фидауцӕй схъал дӕ, дӕ цытуарзагӕй байсӕфтай дӕ уӕлзонд. Ӕмӕ дӕ Ӕз ӕрӕппӕрстон зӕхмӕ, паддзӕхты раз дӕ фӕхудинаг кодтон.

18 Дӕ бирӕ ӕнаккаг митӕй, дӕ фӕлывд сӕудӕджеры куыстӕй дӕ уаз бынӕттӕ фегад кодтай ды. Дӕ сахарыл дын бандзардзынӕн арт, ӕмӕ дӕ уый аныхъуырдзӕн: сау фӕнык дӕ фестын кӕндзынӕн зӕххыл, чи дӕм кӕса, ӕппӕт уыдоны раз.

19 Чи дӕ зыдта, уыдон стыр тасы бафтдзысты, дӕ азармӕ кӕсгӕйӕ. Дӕ хъысмӕт алкӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, бабын уыдзынӕ мыггагмӕ“».


Тӕрхон Сидоны сахарӕн

20 Дунедарӕг мын загъта:

21 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сидоны ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.

22 Зӕгъ ын Мӕ номӕй: „Мӕхи дыл ныххуырсдзынӕн, Сидон, ӕмӕ дӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Мӕ тӕрхоны амӕттаг уӕ куы бакӕнон ӕмӕ уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

23 Ӕз дыл ныххуырсдзынӕн емынӕ, дӕ уынгтӕ дын туджы бын фӕкӕндзынӕн, ӕмӕ мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕм алырдыгӕй кард ӕвзиддзӕни. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

24 Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы адӕмӕн нал уыдзӕни, рӕхойӕг какон сындзау, бӕхсындзау ӕй чи тыхсын кӕна ӕмӕ йыл ӕлгъ чи кӕна, ахӕм сыхӕгтӕ“. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».


Израил сӕдас уыдзӕн йӕ фыдгултӕй

25 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уырдыгӕй сӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд сын уыцы адӕмты раз раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном, ӕмӕ ногӕй ӕрцӕрдзысты, кӕддӕр Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, ууыл.

26 Цӕрдзысты йыл ӕдасӕй. Сараздзысты хӕдзӕрттӕ, ныссадздзысты сӕндӕттӕ, ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн, алырдыгӕй сӕм саузӕрдӕ чидӕриддӕр дардта, уыдонӕн. Ӕмӕ уӕд Израилы адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan