Езекиел 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг мын загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Аммонӕгты ныхмӕ де ’ргом сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ. 3 Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут, 4 уый тыххӕй уын Ӕз уӕ зӕхх Скӕсӕны цӕрджытӕн исбонӕн ратдзынӕн, ӕмӕ дзы уыдон асадӕнтӕ скӕндзысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ сӕвӕрдзысты. Уӕ дыргътӕ уын хӕрдзысты ӕмӕ уын уе ’хсыр нуаздзысты. 5 Раввайы сахарӕй теуаты хизӕнуат скӕндзынӕн, аммонӕгтӕн сӕ иннӕ сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕй та — фосдарӕнтӕ лыстӕг фосӕн. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“. 6 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Израилы зӕххыл ӕлгъгӕнгӕйӕ, цинӕй кӕй радыстут, уӕ къухтӕй къӕрццӕмдзӕгъд кӕй кодтат ӕмӕ уӕ къӕхтӕй зӕхх кӕй хостат, 7 уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“. Хуыцау тӕрхон кӕны моавӕгтӕн 8 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Моав ӕмӕ Сеир фидистӕгӕнгӕ афтӕ кӕй дзурынц, иудейӕгтӕ дӕр иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ, 9 уый тыххӕй Ӕз байгом кӕндзынӕн Моавы фидар арӕнтӕ, йӕ кӕрӕтты цы сахартӕ лӕууы ӕмӕ хъал кӕмӕй сты, уыдон: Бет-Йешимот, Баал-Меон ӕмӕ Кирйатаим. 10 Моавы зӕхх дӕр аммонӕгты зӕххимӕ иумӕ Скӕсӕны адӕмтӕн ратдзынӕн, аммонӕгтӕн адӕмты ’хсӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ. 11 Моавыл дӕр Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“. Хуыцау тӕрхон кӕны едомӕгтӕн 12 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Едомӕгтӕ иудейӕгтӕй сӕ маст ӕгӕр ӕгъатырӕй кӕй истой, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтой. 13 Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр. 14 Едомӕй Мӕ маст райсдзынӕн Мӕ адӕм Израилы къухӕй, Мӕ азар сыл ныххуырсдзысты уыдон, ӕмӕ уӕд едомӕгтӕ базондзысты, Ӕз Мӕ маст куыд фӕисын, уый“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. Хуыцау тӕрхон кӕны филистимӕгтӕн 15 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Филистимӕгтӕ иудейӕгтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кӕй кастысты ӕмӕ сӕм ӕдзух фыдзӕрдӕ даргӕйӕ, уыдонӕй суанг се сӕфты бон дӕр сӕ маст ӕгъатырӕй кӕй истой, 16 уый тыххӕй Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ къух сисдзынӕн филистимӕгтӕм — уыцы керетӕгтӕм, стӕй ма сӕ денджызгӕрӕтты чидӕриддӕр баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн. 17 Ӕгъатырӕй сӕ райсдзынӕн Мӕ маст ӕмӕ сыл ныккалдзынӕн Мӕ азар. Мӕ маст сӕ куы райсон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia