Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Згӕ аджы ӕмбисонд

1 Фарӕстӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Абоны бон дӕхимӕ ныффысс, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ ацы бон Вавилоны паддзах ӕрхъула кӕндзӕн Йерусалимыл.

3 Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,

4 стӕй дзы ныккал дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕ: сины стджытӕ ӕмӕ сгуытӕ, байдзаг ӕй кӕн ӕвзаргӕ стджытӕй —

5 хӕрзхаст фысты дзидза ӕмӕ стджытӕй. Аджы бын-иу ӕндзаргӕ дӕр стджытӕй бакӕн ӕмӕ-иу аг рафыцын кӕн, йӕ мидӕг стджытӕ дзӕбӕх куыд стайой, афтӕ“».

6 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, тугныккалдӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Додойаг у, чи сызгӕ ӕмӕ йе згӕ кӕмӕн не ссыди, уыцы аг! Хай хайы фӕдыл исут йӕ хуылфӕй, хӕлттӕ сыл не ’ппаргӕйӕ.

7 Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.

8 Ӕз уыцы туг айнӕг къӕдзӕхыл уымӕн ныууагътон, цӕмӕй ма басусӕг уа, ӕмӕ Мӕ маст ссудза маст исыны охыл».

9 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, туг кӕм ныккалди, уыцы сахар! Ӕз скӕндзынӕн стыр арт;

10 ды-иу ыл суг бафтау ӕмӕ йӕ тынгдӕр сцырын кӕн, дзидзатӕ куыд стайой, афтӕ. Стӕй, сӕ бас куы байсыса, уӕд стджытӕ дӕр стайдзысты.

11 Ды-иу афтид аг зынджытыл ныууадз, цӕмӕй ссырхзынг уа йе ’рхуы, атайа йӕ чъизи ӕмӕ ссӕуа йе згӕ.

12 Ӕнӕпайда фыдӕбон! Не ссӕудзӕни йӕ чъизи, суанг арты бон дӕр ын ницы бауыдзӕн!

13 Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.

14 Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Пехуымпары бинойнаджы мӕлӕт — Йерусалимы сӕфты нысан

15 Дунедарӕг мын загъта:

16 «Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.

17 Ӕнӕдзургӕйӕ дзыназ, йӕ мардыл-иу ын богъ-богъ ма кӕн. Дӕ сарыхъ-иу стух дӕ сӕрыл, дӕ дзабыртӕ-иу дӕ къӕхтыл скӕн. Дӕ зачъе ма бамбӕрз, мардыкӕнды къӕбӕрӕй ма саход».

18 Адӕмимӕ райсомӕй цы бон дзырдтон, уыцы бон изӕрӕй мӕ бинойнаг амард, ӕмӕ дыккаг бон ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ.

19 Адӕм мӕ бафарстой: «Дӕ ацы митӕ цы амонынц, уый нын нӕ зӕгъдзынӕ?»

20 Дзуапп сын радтон: «Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас,

21 цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.

22 Ӕмӕ уӕд сымах дӕр, ӕз куыд кодтон, афтӕ кӕндзыстут: уӕ зачъетӕ нӕ бамбӕрздзыстут, мардыкӕнды къӕбӕрӕй нӕ саходдзыстут,

23 уӕ сарыхътӕ уыдзысты уӕ сӕртыл, уӕ дзабыртӕ — уӕ къӕхтыл; нӕдӕр кӕугӕ кӕндзыстут, нӕдӕр хъарӕг, фӕлӕ уӕ фыдракӕндты аххосӕй батайдзыстут уӕлхъӕдӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы раз хъӕрздзыстут.

24 Езекиел уын уыдзӕни нысан. Сымах кӕндзыстут, уый куыдӕриддӕр бакодта, афтӕ. Ӕмӕ уыл уыдӕттӕ куы ’рцӕуой, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».

25 Ноджы ма мын Дунедарӕг загъта: «Адӕймаджы фырт! Сӕ хъару, сӕ цин ӕмӕ сӕ кад, сӕ цӕстырухс ӕмӕ сӕ удлӕууӕн, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты сын цы бон байсон,

26 уыцы бон дӕм фӕзындзӕни, чи аирвӕзти, уыцы лигъдон ӕмӕ дын уац фехъусын кӕндзӕн.

27 Ӕмӕ уыцы бон лигъдоны раз байгом уыдзӕн дӕ дзых ӕмӕ райдайдзынӕ дзурын — нал уыдзынӕ ӕгомыг. Ды сын суыдзынӕ нысан, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan