Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дыууӕ ӕнӕуаг хойы — ӕмӕ Йерусалим

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Уыди дыууӕ сылгоймаджы, иу мады чызджытӕ.

3 Се ’взонгӕй фӕстӕмӕ хӕтыны къахыл ныллӕууыдысты Мысыры бӕсты. Уым ӕууӕрст цыдысты сӕ риутӕ, сӕ чызгон дзидзитӕ.

4 Хистӕр хойӕн йӕ ном уыди Охола, кӕстӕрӕн та — Охолива. Уыдон Мӕ къухы уыдысты, ныййардтой Мын фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. Охола у Самари, Охолива та — Йерусалим.

5 Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.

6 Йӕ мондаджы цӕст-иу ӕрӕвӕрдта ӕрвхуыз дарӕстӕй фӕлыст ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ балхонтыл, алы рӕсугъд лӕппутыл — бӕхджынтыл.

7 Хъахбай митӕ кодта семӕ — Ассирийы уӕздӕттимӕ, йӕхи-иу фӕчъизи кодта, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны гуымирытӕм кувынӕй.

8 Мысырӕгтимӕ хъахбай митӕ кӕнынӕй дӕр не ’нцад. Уыдон йемӕ ӕмуат цыдысты йе ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ, ӕууӕрстой йын йӕ чызгон дзидзитӕ, фӕчъизи-иу ӕй кодтой, сӕ хъахбай мондӕгтӕ дзы исгӕйӕ.

9 Уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны, йӕ ассириаг хӕзгулты, къухтӕм.

10 Уыдон ӕмуат ӕрцыдысты йемӕ, стӕй йын байстой йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджыты, йӕхи та йын амардтой кардӕй. Йӕ хъысмӕт сси рагфӕдзӕхстау ӕппӕт сылгоймӕгтӕн.

11 Йӕ хо Охолива йын уый куы федта, уӕд уымӕй фыддӕр фӕци хӕтынмӕ ӕмӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнынмӕ.

12 Уый дӕр фӕцалх ассириӕгтимӕ хъахбай митӕ кӕныныл. Йӕ мондаджы цӕст-иу ӕрӕвӕрдта хъӕздыг дарӕстӕй фӕлыст ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ балхонтыл, ӕппӕт ӕвзаргӕ лӕппутыл — бӕхджынтыл.

13 Ӕз федтон, уый дӕр йӕхи кӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ дыууӕ хойы дӕр уыцы иу фӕндагыл кӕй цӕуынц, уый.

14 Ацы хо иннӕмӕй ноджыдӕр хъахбайдӕр разынд. Уый федта къулыл къахт нывтӕ — сырх-сырхид ахорӕнтӕй ахуырст халдейаг нӕлгоймӕгты нывтӕ,

15 сӕ астӕутыл уыди рӕттӕ баст, сӕ сӕртыл — пӕлӕхсар сарыхътӕ конд. Уыдысты вавилойнаг — Халдейы бӕстаг — — балхонты ӕнгӕс.

16 Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ сӕ бауарзта мондаджы уарзтӕй ӕмӕ сӕм минӕвӕрттӕ арвыста Халдейы зӕхмӕ.

17 Уӕд ӕм вавилойнӕгтӕ ӕрбацыдысты, йӕ мондӕгты хуыссӕны ӕрӕмуат сты йемӕ ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой, се ’нӕуаг мондӕгтӕ дзы исгӕйӕ. Фӕлӕ сӕ йӕхӕдӕг куы фӕчъизи ис, уӕд сыл йӕхи атигъ кодта.

18 Семӕ ӕмуат ӕрцӕугӕйӕ, ӕргомӕй йӕ мондӕгтӕ ӕфсадыныл куы схӕцыд, уӕд дзы Ӕз та, ӕлгъгӕнгӕ, Ме ’ргом аздӕхтон, уымӕй размӕ йын йӕ хойыл Мӕхи куыд атигъ кодтон, афтӕ.

19 Йе ’взонджы бонты Мысыры зӕххыл куыд хатти, уый мысгӕйӕ, райдыдта ноджы фылдӕр хӕтын.

20 Фӕцалх йӕ хӕзгултимӕ хӕтыныл; уыдонӕн сӕ худинаг — хӕрӕджы худинагау, сӕ мондӕгтӕ та — уырсы мондӕгтау.

21 Афтӕмӕй ногӕй байдыдтай де ’взонджы бонты ӕнӕуаг митӕ кӕнын. Уӕд дын мысырӕгтӕ ӕууӕрстой дӕ риутӕ, дӕ чызгон риутӕ».

22 Уымӕ гӕсгӕ, Охолива, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз дыл сардаудзынӕн дӕ хӕзгулты, дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны. Алырдыгӕй сӕ ӕрбакӕндзынӕн дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ:

23 вавилойнӕгты ӕмӕ ӕппӕт халдейӕгты, Пекод, Шоа ӕмӕ Коайы сахартӕй, уыдонимӕ ӕппӕт ассириӕгты — рӕсугъд лӕппуты, ӕфсӕддон хицӕутты ӕмӕ балхонты, фӕлтӕрд хӕстонты ӕмӕ стыр хицӕутты, ӕппӕт бӕхджынты.

24 Гӕрзифтонгӕй дӕм ӕрбацӕудзысты бӕхтӕ ӕмӕ уӕрдӕттимӕ, сӕ бирӕ ӕфсадимӕ, алырдыгӕй дыл ӕртыхсдзысты згъӕрхӕдӕттӕ, такатӕ ӕмӕ уартытимӕ. Ӕз дӕ сӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын сӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ стӕрхон кӕндзысты.

25 Мӕ маст дыл ныххуырсдзынӕн; уыдоны хъӕхъхъаг зӕрдӕйы амӕттаг дӕ бакӕндзынӕн: уыдон дын алыг кӕндзысты дӕ фындз ӕмӕ дӕ хъустӕ, дӕ адӕмы та дын ныццӕгъддзысты кардӕй. Дӕ фырттӕ ӕмӕ дын дӕ чызджыты сахарӕй уацары ракӕндзысты, цы ма дӕм баззайа, сахарыл та арт бандзардзысты.

26 Дӕ уӕлӕйӕ дын раппардзысты дӕ дарӕстӕ ӕмӕ дӕ фӕлындӕнтӕ.

27 Афтӕмӕй Ӕз кӕрон скӕндзынӕн, Мысыры зӕххӕй демӕ цы ӕнӕфсарм ӕмӕ хъахбай митӕ схастай, уыдонӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры бӕстӕ нал мысдзынӕ, нал ӕрлӕудзӕн дӕ зӕрдыл».

28 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕнӕуынон дын чи у ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕ дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны къухтӕм дӕ дӕттын.

29 Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.

30 Афтӕ дын бачындӕуыдзӕн, алы адӕмтимӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ гуымирытӕй дӕхи кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй.

31 Дӕ хойы бафӕзмыдтай, ӕмӕ Ӕз дӕуӕн дӕр бадардзынӕн, уый кӕй бануӕзта, уыцы фыдӕхы кӕхц».

32 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ды бануаздзынӕ, дӕ хо кӕй бануӕзта, уыцы фыдӕхы арф ӕмӕ стыр кӕхц. Уый куыд стыр у, афтӕ тынг фӕхудинаг ӕмӕ фӕаллайаг уыдзынӕ.

33 Дӕ бирӕ хъыгты уӕзӕй расыгау фӕуыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хо Самарийы кӕхц у фыд азар ӕмӕ гӕныстоны кӕхц!

34 Йӕ тӕккӕ бынтӕм ӕй бануаздзынӕ, стӕй йӕ базгъӕлӕнтӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ риутӕ ныттондзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

35 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ Мӕ де ’ргом кӕй аздӕхтай, уый тыххӕй де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай миты амӕттаг фӕу».

36 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Охола ӕмӕ Охоливайӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Радзур сын се ’лгъаг митӕ.

37 Уыдон хъахбай митӕ кодтой, сӕ къухтӕ самӕстой туджы, сӕ гуымирытимӕ хӕтыдысты ӕмӕ Мын цы цот ныййардтой, уыдоны сын арты нывондӕн хастой.

38-39 Ноджы ма Мӕ разы аххосджын мӕнӕ цӕй тыххӕй сты: сӕ цоты-иу сӕ гуымирыйы номыл цы бон аргӕвстой, тӕккӕ уыцы бон-иу бацыдысты Мӕ Кувӕндонмӕ ӕмӕ-иу ӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын не ’ххӕст кодтой.

40 Ноджы ма-иу минӕвӕрттӕ арвыстой ӕцӕгӕлон нӕлгоймӕгтӕм, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой дардӕй; се ’рбацыдмӕ-иу ды цӕхсадтай дӕхи, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ ӕмӕ-иу дӕхи сфӕлыстай фӕлындӕнтӕй.

41 Семӕ-иу рӕсугъд фынгыл ӕрбадтӕ ӕмӕ-иу сын уыцы фынгыл ӕрӕвӕрдтай Мӕ буд ӕмӕ Мӕ сой.

42 Фынгӕй-иу райхъуыст адӕмы ӕнӕмӕт уынӕр, ӕдзӕрӕг быдырӕй-иу сӕм, бирӕ адӕмты ’хсӕнӕй, ӕрбахуындӕуыд нозтӕмхицты, ӕмӕ-иу сын уыдон сӕ къухтыл бакодтой цонгдарӕнтӕ, сӕ сӕртыл та-иу сын ӕркодтой рӕсугъд кады худтӕ».

43 Ӕз загътон, йӕ фыр хъахбайӕ чи ӕрхӕррӕгъ, уыцы Охолива ныр йе ’нӕуаг митӕ ныууадздзӕни, зӕгъгӕ.

44 Фӕлӕ йӕм уӕддӕр цыдысты хӕтаг сылмӕ цӕуӕгау; афтӕмӕй сӕхи ирхӕфстой хъахбай устытимӕ — Охола ӕмӕ Охоливаимӕ.

45 О, фӕлӕ сын рӕстгӕнджытӕ уыдзысты тӕрхонгӕнӕг. Бакӕндзысты сын, хӕтаг устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕн цы бачындӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕтаг устытӕ сты, уыимӕ сӕ къухтӕ самӕстой туджы.

46 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Адӕмы ’хсӕнмӕ сӕ ракӕнут, ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуӕнт, бастигъӕнт сӕ.

47 Адӕм сӕ дурты бын фӕкӕнӕнт ӕмӕ сӕ кӕрдтӕй скъуыхтӕ кӕнӕнт, сӕ фырттӕ ӕмӕ сын сӕ чызджыты амарӕнт, сӕ хӕдзӕрттӕ та сын басудзӕнт.

48 Афтӕмӕй а зӕххыл кӕрон скӕндзынӕн хъахбайдзинадӕн. Уый ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр суыдзӕни зондамонӕн, ӕмӕ сымахау хъахбай митӕ нӕ кӕндзысты.

49 Сымахыл та ныххуырстӕуыдзӕн уӕ хъахбайы азым; уӕ гуымирытимӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтат, уыдоны тыххӕй баййафдзыстут ӕфхӕрд. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan