Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йерусалим — фыдгӕнджыты сахар

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.

3 Фехъусын ын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Мӕнӕ, йӕхи фыдӕнӕн йӕ адӕмы туг чи калы ӕмӕ, цӕмӕй йӕхи фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй гуымирытӕ чи аразы, уыцы сахар!

4 Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ.

5 Фидис дын кӕндзысты хӕстӕг ӕмӕ дард адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕчъизи кодтай дӕ ном, о знӕт сахар!

6 Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой.

7 Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.

8 Ды Мын Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ ницӕмӕ дарыс, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын фӕчъизи кӕныс.

9 Дӕ хахуыргӕнджыты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы, дӕ кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывӕндтӕ хӕрынц, дӕ мидӕг алы ӕлгъаг митӕ аразынц.

10 Де ’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман.

11 Чи йӕ хионы усимӕ ӕлгъаг ми аразы, чи йӕ чындзы фӕчъизи кӕны, чи та йӕ хойӕн, фыдӕй иу кӕимӕ у, уымӕн тых кӕны.

12 Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

13 Ныр Ӕз Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавтон, кӕрӕф кӕй разындтӕ ӕмӕ де ’хсӕн туг кӕй кӕлы, уый тыххӕй.

14 Дӕ ныхмӕ куы рацӕуон, уыцы бонты дӕм фаг ныфс ӕмӕ фаг хъару разындзӕн, цӕмӕй ма фӕцудай? Ӕз, Дунедарӕг, куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн.

15 Алы бӕстӕты, алы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзынӕн де ’нӕуаг митӕн.

16 Уӕд фелгъаг уыдзынӕ адӕмты цӕсты ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

17 Дунедарӕг мын загъта:

18 «Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм Мӕнӕн сыгъдонӕй уӕлдай нал сты. Се ’ппӕт дӕр, куынцгомы кӕй бавӕрдӕуыд, уыцы къала, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ здыйы, ӕвзисты згъӕрсыгъдоны хуызӕн систы.

19 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уе ’ппӕт дӕр сыгъдоны хуызӕн кӕй систут, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Йерусалимы.

20 Куынцгомы иумӕ ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ къала куыд бавӕрынц ӕмӕ сыл арт куыд бандзарынц, стайын сӕ кӕныны охыл, афтӕ уӕ Ӕз, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, куынцгомы уӕ бавӕрдзынӕн ӕмӕ уӕ стайын кӕндзынӕн.

21 Ӕрӕмбырд уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уыл Мӕ карз пиллонӕй бафу кӕндзынӕн, ӕмӕ атайдзыстут Мӕ пиллоны мидӕг.

22 Куынцгомы ӕвзист куыд атайы, афтӕ атайдзыстут Мӕ карз пиллоны мидӕг ӕмӕ уӕд базондзыстут, Мӕ азар уыл Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ныххуырстон, уый».


Бӕстӕйы разамонджыты азым

23 Дунедарӕг мын загъта:

24 «Адӕймаджы фырт! Ацы бӕстӕйӕн зӕгъ: ды афтӕ фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, къӕвда дӕр дын нал ратдзынӕн.

25 Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис.

26 Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.

27 Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.

28 Йӕ пехуымпартӕ кӕнынц цӕстфӕливӕн митӕ, сӕ цӕстылуайӕнтӕ — мӕнг, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц: „Уый Дунедарӕг Хуыцау загъта“, афтӕмӕй та Дунедарӕг ницы загъта.

29 Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.

30 Агуырдтон сӕм ахӕм лӕджы, сахары быру кӕм ракӕлы, уым а бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ чи самайа, цӕмӕй йӕ Ӕз ма бабын кӕнон, фӕлӕ не ссардтон.

31 Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan