Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!

3 Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн.

4 Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй ист ӕрцӕудзӕни, хуссарӕй цӕгатмӕ дӕм раст ӕмӕ зылынджынӕй чидӕриддӕр ис, уыдоны ныццӕгъдынмӕ.

5 Ӕмӕ уӕд алы адӕймаг дӕр базондзӕн, Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй кӕй сластон ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ кӕй нал раздӕхдзӕн, уый.

6 Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕссыг кал, дӕ уӕрджытӕ хойгӕйӕ, додой кӕн ӕмӕ дзыназ сӕ разы.

7 Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».

8 Дунедарӕг мын загъта:

9 «Адӕймаджы фырт! Зӕгъ пехуымпар ныхас: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кард уӕм ӕрбацӕуы, кард. У цыргъгонд ӕмӕ цӕхӕртӕ калы.

10 Ахӕм цыргъ у бирӕты ныццӕгъдынӕн, цӕмӕй арвӕрттывдау цӕхӕртӕ кала! Ӕви Ӕз хъуамӕ цин бакӕнон, Мӕ адӕм иннӕ адӕмты мурмӕ дӕр кӕй нӕ дарынц, ууыл?

11 Ӕз кард сӕрттивын кӕнын кодтон, цӕмӕй уый искӕй къухы бафта. Цыргъгонд ӕрцыд ӕмӕ тӕмӕнтӕ калы, марӕджы къухмӕ йӕ раттыны размӕ.

12 Адӕймаджы фырт! Хъӕр кӕн ӕмӕ дзыназ, уымӕн ӕмӕ уыцы кард райстӕуыдзӕни Мӕ адӕмы ныхмӕ, уыимӕ Израилы ӕппӕт фӕтӕгты ныхмӕ. Уыдон карды амӕттаг бауыдзысты Мӕ адӕмимӕ. Дӕ уӕрджытӕ ныххой уӕдӕ!

13 Рӕхджы Ӕз бафӕлвардзынӕн Мӕ адӕмы, ӕмӕ суанг Иудейы паддзах дӕр Мӕ азарӕй нӕ фервӕздзӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

14 Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвгӕйӕ. Фӕдывӕр ӕмӕ, зӕгъ, фертывӕр уыдзӕни карды тых, йӕ амӕттаг кӕй кӕна, уыдоны ныхмӕ, уыимӕ стыр паддзахы ныхмӕ, ӕмӕ сӕ арф ныррӕхойдзӕн.

15 Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.

16 Бавдӕл, кард, ӕмӕ цӕв рахизӕрдӕм кӕнӕ галиуӕрдӕм — дӕ ком кӕцырдӕм здӕха, уыцырдӕм.

17 Ӕз дӕр Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ уӕд ссӕудзӕни Мӕ маст. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг!»


Вавилоны паддзахы кард

18 Дунедарӕг мын загъта:

19 «Адӕймаджы фырт! Сныв кӕн, Вавилоны паддзахы кард кӕуылты цӕудзӕн, ахӕм дыууӕ фӕндаджы. Сӕ дыууӕ дӕр уыцы иу зӕххӕй хъуамӕ рацӕуой. Сӕ райдианы сын сныв кӕн амонӕн, алкӕцы дӕр сӕ цы сахармӕ цӕуы, уый амонынӕн.

20 Фӕндӕгтӕй иуыл кард цӕудзӕн аммонӕгты сахар Раввамӕ, иннӕуыл та — Иудеймӕ, Йерусалимы фидармӕ.

21 Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни.

22 Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.

23 Иузӕрдион ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй йын ард чи бахордта, уыцы адӕм ацы дӕсныфӕрсӕн схондзысты мӕнг. Фӕлӕ сын Вавилоны паддзах ӕрымысдзӕн сӕ ард ӕмӕ сын сӕ сахар байсыныл ныллӕудзӕн.

24 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ азым уӕхӕдӕг кӕй ӕрымысыдыстут, уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй раргом сты, уый тыххӕй сымах бахаудзыстут уӕ фыдгулы къухтӕм.

25 Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!

26 Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Сис дӕ сарыхъ ӕмӕ дӕ кады худ — нал дӕ бахъӕудзысты. Ныллӕг сбӕрзонд уыдзӕн, бӕрзонд та ӕрныллӕг уыдзӕн.

27 Сӕфт, сӕфт, сӕфт! Ацы сахарӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ уыцы сахар кӕй у, уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ратдзынӕн уымӕн.

28 Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн.

29 Дӕ пехуымпартӕ дын мӕнг цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕвдисынц ӕмӕ дын фӕлывд дӕсныфӕрсӕнтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй ды дӕр бахаудзынӕ, сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдӕуыд, уыцы ӕнаккӕгты хыгъдмӕ. Сӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон ралӕууыд.

30 Дӕ кард нытътъысс йӕ кӕрддзӕмы. Тӕрхон дын кӕндзынӕн, кӕм дӕ рафӕлдыстӕуыди, цы зӕххыл сӕнтыстӕ, уым.

31 Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.

32 Ды арты амӕттаг бауыдзынӕ, дӕ туджы бын фӕуыдзӕни зӕхх. Хъуыды дӕр дӕ ничиуал ӕркӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый загътон Ӕз, Дунедарӕг».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan