Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Езекиел сси пехуымпар

1 Ахӕм уыди, Дунедарӕджы кады хуызӕг кӕм раргом, уыцы цӕстылуайӕн. Уый фенгӕйӕ, зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ фехъуыстон кӕйдӕр хъӕлӕс. Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дзурдзынӕн демӕ».

2 Ӕмӕ мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз схайджын дӕн Удӕй, ӕмӕ мӕ Уый слӕууын кодта мӕ къӕхтыл. Уӕд фехъуыстон мемӕ Дзурӕджы.

3 Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.

4 Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“

5 Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.

6 Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.

7 Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.

8 Байхъус, адӕймаг, цы дын зӕгъын, уымӕ. Ацы ӕгоммӕгӕс адӕмау хивӕнд ма у. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ бахӕр, цы дын раттон, уый».

9 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: къух радардӕуыд мӕнӕрдӕм, къухы та — тухгӕ чиныг.

10 Уый мын ӕй райхӕлдта мӕ разы, ӕмӕ ӕз федтон — чиныгыл дыууӕрдыгӕй дӕр фыст: «хъарӕг, хъӕрзын ӕмӕ додой».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan