Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хъарӕг Израилы сӕфт паддзӕхтыл

1 «Ды та хъарӕг сис Израилы паддзӕхтыл:

2 „Дӕ мад цы домбай уыди, уастӕн! Куы царди домбӕйттӕн сӕ астӕу. Ӕвзонг домбӕйтты цур йӕ лӕппынты куы хаста.

3 Сӕ иуы слӕууын кодта уалынмӕ йӕ къӕхтыл, ӕмӕ тыхджын домбайӕ агӕпп ласта уый; ныттыдта-иу йӕ амӕттаджы: сахуыр, уый адӕмы ныхъуырдта.

4 Адӕмты ’хсӕн айхъуысти йӕ кой, ӕмӕ сӕ хъоргъы ’ппӕрст ӕрцыди, рӕхысбастӕй йӕ акодтой Мысырмӕ.

5 Йӕ мад ӕм каст ӕнхъӕлмӕ, фӕлӕ федта, куыд бацарӕфтыд йе ’нхъӕлцау, уӕд райста уый йӕ лӕппынтӕй ӕндӕры, ӕмӕ йын уый тыхджын домбай куы басгуыхт.

6 Тыхджын домбай куы басгуыхти йӕ лӕппын, ӕрцарди домбӕйтты ӕхсӕн; уый сахуыр ис йӕ амӕттаджы ахсын ӕмӕ ныхъуырдта адӕмы.

7 Ныппырх-иу кодта адӕмтӕн сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахартӕ дӕр афтӕ. Йӕ рыхынӕй ныггӕныстон ис ацы зӕхх ӕд хъӕутӕ.

8 Фӕлӕ йӕ ныхмӕ сыстадысты уӕд йӕ алфамбылай бӕстӕты цӕрджытӕ. Сӕ ахсӕн хыз ыл баппӕрстой, ӕмӕ сӕ хъоргъы ’ппӕрст ӕрцыди.

9 Рӕхысбастӕй йӕ къалатийы бакодтой, Вавилоны паддзахмӕ йӕ аластой; уыцы ран ӕй ахӕстоны баппӕрстой, цӕмӕй йӕ рыхын Израилы хӕхтӕй макуыуал райхъуыса.

10 Донбыл сагъд сӕнӕфсиры талайау — дӕ мад, донарӕхы фӕрцы — къабузджын, дыргъджын.

11 Йӕ къалиутӕ — фидар, паддзӕхты лӕдзгуытӕн дӕр бӕззыдысты. Йӕ зӕнг ӕврӕгъты онг схӕццӕ, ӕд бирӕ къабузтӕ фӕлгӕсыди бӕрзондӕй.

12 Фӕлӕ йӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, срӕдывтой бындзарӕй ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой зӕххыл, йӕ дыргъ куы бахус скӕсӕйнаг дымгӕмӕ. Йӕ фидар къалиутӕ ӕрсастысты, ныххус сты, аныхъуырдта сӕ арт.

13 Ныр ӕй ныссагъдӕуыд ӕдзӕрӕг ран — ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл.

14 Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan