Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Алчидӕр дзуапп дӕтдзӕн йӕхи тыххӕй

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Израилы зӕххыл ахӕм ӕмбисонд цӕмӕн дзурут: „Туаг сӕнӕфсир фыдӕлтӕ хордтой, цъӕхдӕндаг та сӕ цот фесты“?

3 Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕмбисонд нал дзурдзысты Израилы.

4 Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.

5 Рӕстгӕнӕг чи у, йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ раст кӕмӕн сты,

6 Израилы адӕмы гуымирытӕм чи нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй чи нӕ аходы, йӕ хионы усы чи нӕ ӕгад кӕны ӕмӕ йӕхи усимӕ йӕ туг цӕуыны заман чи нӕ ӕрӕмуат вӕййы,

7 чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,

8 пайда райсыны охыл ӕфстау чи нӕ ратты, фӕлывд ми бакӕнынӕй йӕхи чи хизы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн раст тӕрхон чи хӕссы,

9 Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ чи нымайы, уый рӕстгӕнӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

10-11 Фӕлӕ рӕстгӕнӕгӕн абырӕг фырт куы сӕнтыса, искӕй туг чи ныккалы, ахӕм, ӕмӕ, йӕ фыд кӕй никуы бакодта, ахӕм митӕ куы кӕна: кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывондӕгтӕй куы хӕра, йӕ хионы усы куы фӕчъизи кӕна,

12 мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы куы ’фхӕра, адӕмы куы стигъа ӕмӕ йӕм цъынды цы рардӕуыд, уый фӕстӕмӕ куынӕ дӕтта, гуымирытӕм куы кува ӕмӕ ӕлгъаг митӕ куы кӕна,

13 пайдайы охыл ӕфстау куы дӕтта, уӕд ахӕм куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Нӕ, уымӕн нӕй фӕцӕрӕн. Ахӕм ӕлгъаг митӕ чи кӕны, уый ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты аххосджын уыдзӕн йӕхӕдӕг.

14 Фӕлӕ искӕмӕн ахӕм фырт куы сӕнтыса, ӕмӕ, йӕ фыд цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ аразы, уыдон уыны, фӕлӕ сӕ нӕ фӕзмы, зӕгъгӕ,

15 ома Израилы адӕмы гуымирытӕм нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй нӕ аходы, йӕ хионы усы не ’гад кӕны,

16 никӕй ӕфхӕры, цъынды никӕмӕй исы ӕмӕ никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй бахай кӕны ӕххормагӕн ӕмӕ дарӕс ратты бӕгънӕгӕн,

17 йӕхи хизы мӕгуыры афӕливынӕй, пайдайы охыл ӕфстау нӕ дӕтты, ӕххӕст Мын кӕны Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын нымайы Мӕ уагӕвӕрдтӕ, уӕд уый нӕ амӕлдзӕн йӕ фыды тӕригъӕды аххосӕй, ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.

18 Йӕ фыд та йӕ тӕригъӕдты тыххӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ стыгъта йӕ хионы, йӕ адӕмы ’хсӕн кодта фауинаг хъуыддӕгтӕ.

19 Сымах фӕрсут, фыды азым фыртӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрдомдӕуа, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фырт рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын у, Ме ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын нымайы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.

20 Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.

21 Фӕлӕ ӕнаккаг дӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ныууадза ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ куы нымайа, рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын куы суа, уӕд цӕргӕйӕ баззайдзӕн, нӕ амӕлдзӕн.

22 Уымӕй размӕ цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдон ын йӕ цӕстмӕ нӕ бадардӕуыдзӕн ӕмӕ, цы раст хъуыддӕгтӕ кӕна, уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн.

23 Ӕз ӕнаккагӕн, мыййаг, йӕ амӕлӕтмӕ бӕллын? — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Цӕмӕй йе ’наккаг митӕ ныууадза ӕмӕ цӕра, уымӕ нӕ бӕллын, ӕви?

24 Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.

25 Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!

26 Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сисы ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайы, уӕд амӕлы йе ’нӕраст миты аххосӕй.

27 Ӕнаккаг йе ’наккаг митӕ куы ныууадзы ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайы, уӕд уый та баззайы цӕргӕйӕ.

28 Уымӕн ӕмӕ байгом сты йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ ныууагъта йӕ фыдракӕндтӕ. Уый цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.

29 Израилы адӕм та афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг раст тӕрхон нӕ кӕны, зӕгъгӕ. Израилы адӕм, ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!

30 Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.

31 Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?

32 Ӕз никӕй мӕлӕтмӕ бӕллын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ цӕрут!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan