Езекиел 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстӔмбисонд кедры цъупп ӕмӕ сӕнӕфсир бӕласы тыххӕй 1 Дунедарӕг мын загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд. 3 Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта. 4 Ӕвзонг къалиутӕн ратыдта сӕ уӕллагдӕр ӕмӕ йӕ ахаста сӕудӕджерты зӕхмӕ, сӕудӕджертӕн сӕ сахармӕ. 5 Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау. 6 Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы ’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ. 7 Ноджы ма уыд ӕндӕр стыр цӕргӕс дӕр, фӕтӕнбазыр ӕмӕ хъуынджын. Ӕмӕ йӕм ацы сӕнӕфсир бӕлас аздӕхта йӕ уидӕгтӕ ӕмӕ йӕм айвӕзта йӕ къалиутӕ. Кӕм ӕй ныссагъдӕуыд, уыцы бынат ын цас дон лӕвӕрдта, уымӕй фылдӕр ын лӕвӕрдта цӕргӕс. 8 Бӕлас ныссагъдӕуыд бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, цӕмӕй айтындза йӕ къалиутӕ ӕмӕ радта дыргъ — суа диссаджы сӕнӕфсир бӕлас. 9 Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Цы ’нхъӕлмӕ кӕсы уыцы бӕласмӕ? Йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзысты, йӕ дыргътӕ йын ӕртондзысты, ӕмӕ бахус уыдзӕни. Цы ’взонг талатӕ суагъта, уыдон иууылдӕр бахус уыдзысты. Уый йӕ бындзарӕй стонынӕн стыр хъару ӕмӕ бирӕ адӕмы сӕр нӕ бахъӕудзӕн. 10 Фӕлӕ йӕ кӕд ныссагъдӕуыд, уӕддӕр ын ницы бантысдзӕн. Бахуыскъ уыдзӕни, куыддӕр ыл скӕсӕйнаг дымгӕ ӕрбадыма, афтӕ. Бахуыскъ уыдзӕни, цы бынаты ӕрзад, уым“». 11 Дунедарӕг мын загъта: 12 «Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ. 13 Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты, 14 цӕмӕй йын уыцы паддзахад уа коммӕгӕс ӕмӕ йӕхиуыл дӕр мауал схӕца, йӕ фидыд дӕр ма фехала. 15 Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“» 16 «Сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уый амӕлдзӕни, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы сахары, Вавилоны, уымӕн ӕмӕ ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд. 17 Фараон йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмимӕ йӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзӕн, бирӕты ныццӕгъдыны охыл ууыл ӕрхъула кӕнынӕн сыджытбыру куы самадӕуа ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг куы сарӕзтӕуа, уӕд. 18 Уый ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд, радта дзырд ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодта. Гъемӕ нӕ аирвӕздзӕн». 19 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Сомы кӕнын! Мӕ ардбахӕрды сӕрты Мын кӕй ахызт ӕмӕ Мын Мӕ фидыд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йыл йӕ азым ныххуырсдзынӕн. 20 Мӕ ахсӕн хыз ыл баппардзынӕн, ӕмӕ бахаудзӕн Мӕ къӕппӕджы, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕрбакӕндзынӕн Вавилонмӕ ӕмӕ йын стӕрхон кӕндзынӕн, йӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивта, уый тыххӕй. 21 Вавилоны ӕрдонгтӕй лидзынмӕ чи фӕуа, уыдон иууылдӕр карды амӕттаг бауыдзысты, чи ма сӕ баззайа, уыдон та ныххӕлиу уыдзысты фӕйнӕрдӕм. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз — Дунедарӕг — кӕй загътон, уый». Израилы фидӕны паддзах 22 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз ратондзынӕн бӕрзонд кедры цъупп, йӕ уӕллаг къалиуты ӕвзонгдӕр, ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ цытджын хохыл. 23 Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ. 24 Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia