Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йерусалим — хӕзгул чи дары, ахӕм ус

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 Адӕймаджы фырт! Йерусалимӕн йе ’лгъаг митӕ йӕ цӕстмӕ бадар.

3 Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Йерусалимӕн: ды сӕнтыстӕ ӕмӕ райгуырдтӕ Ханааны зӕххыл. Дӕ фыд амораг у, дӕ мад та — хеттаг.

4 Цы бон райгуырдтӕ, уыцы бон дын дӕ бикъ дӕр нӕ ралыг кодтой, донӕй дӕр дӕ нӕ цӕхсадтой, не ссыгъдӕг кодтой, цӕххӕй дӕр дӕ нӕ байсӕрстой, хӕцъилты дӕр дӕ нӕ батыхтой.

5 Ничи дын фӕтӕригъӕд кодта, цӕмӕй дын адӕттӕй исты сараза. Аппӕрстой дӕ тыгъд быдыры дӕ райгуырды бон, уымӕн ӕмӕ дыл ӕлгъ кодтой.

6 Ӕз рацӕйцыдтӕн дӕ цурты ӕмӕ дӕ туджы мӕцгӕ куы федтон, уӕд дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“ О, афтӕ дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“

7 Сбирӕ дӕ кодтон быдыры кӕрдӕгау. Ды байрӕзтӕ, сыстыр дӕ ӕмӕ дӕ хуыз скалдтай. Дӕ риутӕ фӕбӕрӕг сты, дӕ дзыкку ӕрдаргъ, фӕлӕ уыдтӕ мадард бӕгънӕг.

8 Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.

9 Ӕз дӕ донӕй цӕхсадтон, дӕ тугтӕ дын ӕрӕхсадтон ӕмӕ дӕ оливӕйы сойӕ байсӕрстон.

10 Уый фӕстӕ дын дӕ уӕлӕ скодтон нывӕфтыд дарӕс, дӕ къӕхтыл — гогырӕ сӕракӕй дзабыртӕ, дӕ астӕу дын ӕрбатыхтон гӕн хъуымацӕй, зӕлдагӕй дӕ ӕрӕмбӕрзтон.

11 Рӕсугъд дӕ сфӕлыстон, дӕ къухтыл дын бакодтон цонгдарӕнтӕ, дӕ хъуырыл та фӕрдгуытӕ.

12 Дӕ фындзыл дын бакодтон цӕг, дӕ хъустыл — хъусцӕджытӕ, дӕ сӕрыл та дын ӕркодтон рӕсугъд кады худ.

13 Дӕхи-иу сфӕлыстай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; лыстӕг гӕнӕй, зӕлдаг ӕмӕ нывӕфтыд хъуымӕцтӕй уыди дӕ дарӕс. Хордтай ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, мыд ӕмӕ оливӕйы сой. Уыдтӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд, ӕмӕ дын бантысти суанг паддзах суын дӕр.

14 Дӕ рӕсугъды кой айхъуысти адӕмтыл, уымӕн ӕмӕ дыл Ӕз цы аив фӕлыст скодтон, уый мидӕг ӕнӕкъӕм уыди дӕ рӕсугъддзинад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

15 Фӕлӕ ды, рӕсугъд кӕй дӕ, ууыл зӕрдӕ дардтай ӕмӕ, дӕ намысӕй пайдагӕнгӕйӕ, райдыдтай хӕтын. Дӕ цурты-иу чидӕриддӕр рацӕйцыд, уыдонимӕ хъахбай митӕ кодтай.

16 Дӕ дарӕстӕ райстай ӕмӕ дзы дӕхицӕн сарӕзтай хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ӕмӕ уымыты хъахбай митӕ кодтай дӕ хӕзгултимӕ; ахӕм хабар уымӕй размӕ никуыма ӕрцыд, стӕй сомбоны дӕр нал ӕрцӕудзӕн.

17 Ды райстай, Ӕз дын кӕй радтон, уыцы фӕлындӕнтӕ, Мӕ сыгъзӕрин ӕмӕ Ме ’взистӕй конд, дӕхицӕн дзы скодтай нӕлгоймаджы сурӕттӕ ӕмӕ хъахбай митӕ кодтай семӕ.

18 Райстай дӕ нывӕфтыд дарӕстӕ дӕр ӕмӕ дзы уыдоны сфӕлыстай. Сӕ разы-иу сын ӕрӕвӕрдтай Мӕ сой ӕмӕ Мӕ буд.

19 Цы хойраг дын лӕвӕрдтон, цы ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, оливӕйы сой ӕмӕ дӕ мыдӕй хастон, уыдон дӕр-иу сын сӕ разы ӕрӕвӕрдтай ӕхцон хӕрздӕфы охыл. Афтӕ уыди уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

20 Цы фырттӕ ӕмӕ Мын чызджытӕ ныййардтай, уыдоны-иу сын нывондӕн ӕрхастай, цӕмӕй сӕ уыдон аныхъуырой. Хъахбай кӕй уыдтӕ, уый дын ӕгъгъӕд нӕ уыди,

21 фӕлӕ-иу Мын Мӕ цоты дӕр аргӕвстай ӕмӕ-иу сӕ арты нывондӕн ӕрхастай гуымирытӕн!

22 Де ’лгъаг ӕмӕ хъахбай митӕ кӕнгӕйӕ, никуы ӕрымысыдтӕ, де ’взонджы бонты мадард бӕгънӕг кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ туджы кӕй мӕцыдтӕ, уый.

23 Сар дӕ сӕр кӕны де ’ппӕт фыдракӕндты фӕстӕ! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

24-25 Ды дӕхицӕн сарӕзтай хъахбайдзинады къуыбыртӕ — алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл, фегад кодтай дӕ рӕсугъддзинад. Дӕ цурты-иу чидӕриддӕр рацӕйцыди — дӕ къӕхтӕ-иу ныххӕлиу кодтай, ӕмӕ афтӕмӕй сбирӕ сты дӕ хъахбай митӕ.

26 Ды ӕнӕуаг митӕ кодтай мысырӕгтимӕ, дӕ сыхаг уӕйыгӕнгӕс адӕмимӕ, дӕ хъахбай митӕ сбирӕ сты, ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.

27 Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.

28 Ассириӕгтимӕ дӕр хъахбай митӕ кодтай, уымӕн ӕмӕ ӕфсис нӕ зыдтай, фӕлӕ дын уый дӕр фаг нӕ уыди.

29 Ханааны зӕххӕй халдейаг зӕххы онг бирӕ хъахбай митӕ фӕкодтай, фӕлӕ дын уым дӕр бафсис нал уыди.

30 Дӕ монцты арты куыннӕ басыгъдтӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ куы кодтай, уӕд, ӕнӕфсис хъахбай! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —

31 Алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл дӕхицӕн хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ куы сарӕзтай, уӕд ды хӕтаг сылы хуызӕн нӕ уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ истай.

32 Ды-иу хъахбай сылау суазӕг кодтай ӕцӕгӕлӕтты.

33 Хӕтаг сылтӕн лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц, ды та дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ де ’ппӕт хӕзгултӕн, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй балхӕдтай, цӕмӕй дӕм алырдыгӕй цӕуой ӕмӕ демӕ ӕнӕуаг митӕ кӕной.

34 Хӕтаг сылтӕй фыддӕр фӕдӕ: дӕ фӕдыл ничи зылд ӕмӕ дын лӕвӕрттӕ ничи кодта. Ды дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ, иннӕ хӕтаг сылты хъауджыдӕр.


Аккаг ӕфхӕрд

35 Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!

36 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: де ’фсарм кӕй бахордтай ӕмӕ, ӕнӕуаг митыл бафтгӕйӕ, дӕ хӕзгултӕ ӕмӕ де ’ппӕт гуымирытимӕ хъахбай митӕ кӕй кодтай, дӕ цоты сын нывондӕн кӕй хастай,

37 уый тыххӕй дын Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн де ’ппӕт хӕзгулты дӕр, дӕхи кӕмӕй рӕвдыдтай ӕмӕ кӕй уарзтай, уыдоны, стӕй, де сӕфт кӕмӕй уыдтай, уыдоны. Алырдыгӕй дӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕаллайаг кӕндзынӕн сӕ разы, ӕмӕ дын уыдон дӕ худинагмӕ кӕсдзысты.

38 Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.

39 Ратдзынӕн дӕ знӕгты къухтӕм, ӕмӕ дын уыдон фехалдзысты дӕ хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ныппырх дын кӕндзысты дӕ уаз къуыппытӕ, дӕ уӕлӕйӕ дын раппардзысты дӕ дарӕстӕ, байсдзысты дын дӕ фӕлындӕнтӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй.

40 Уый фӕстӕ дӕ ныхмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты адӕмы, ӕмӕ дӕ уыдон амардзысты дуртӕй ӕмӕ дӕ акъӕртт кӕндзысты сӕ кӕрдтӕй.

41 Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.

42 Уӕд дӕм Мӕ маст ссӕудзӕни. Мӕ зӕрдӕ дӕм нал ӕхсайдзӕн, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзынӕн, нал мӕсты кӕндзынӕн.

43 Фӕлӕ, де ’взонджы бонтӕ кӕй не ’рымысыдтӕ ӕмӕ Мӕ ӕппӕт адӕттӕй кӕй мӕсты кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ митӕ дӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй де ’ппӕт ӕлгъӕгты фӕстӕ ӕнӕфсарм митӕ мауал кӕнай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

44 Ӕмбисӕндтӕй чи фӕдзуры, уый зӕгъдзӕни дӕуӕй: „Чызг — йӕ мады халдих“.

45 Ды фӕдӕ дӕ мады ’рдӕм — йӕ мой ӕмӕ йӕ сабиты чи ныууагъта. Ноджы ма фӕдӕ дӕ хоты ’рдӕм — сӕ сӕрыхицӕутты ӕмӕ сӕ сабиты чи ныууагъта. Дӕ мад хеттаг у, дӕ фыд та — амораг.

46 Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.

47 Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.

48 Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ды дӕ чызджытимӕ цытӕ кодтай, уыдӕттӕ дӕ хо Содом нӕдӕр йӕхӕдӕг кодта, нӕдӕр сӕ йӕ чызджытӕ кодтой.

49 Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.

50 Схъал сты ӕмӕ Мӕ разы ӕлгъаг митӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕ куы федтон, уӕд сыл Мӕхи атигъ кодтон.

51 Самарийы тӕригъӕдтӕ дӕр дӕу тӕригъӕдтӕн се ’мбисы бӕрц нӕ баисты. Де ’лгъаг митӕй амбылдтай дӕ хоты, ӕмӕ, ды цы ’лгъаг митӕ кодтай, уыдоны раз дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты.

52 Уӕдӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк. Дӕ хотӕн уыцы хорзы бацыдтӕ, ӕмӕ дӕхи уыдонӕй тынгдӕр фӕаллайаг кодтай дӕ тӕригъӕдты фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. Уӕдӕ дӕ цӕсгом судзӕд ӕфсӕрмӕй, ӕмӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк, дӕ хотӕ та сраст уӕнт.

53 Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр,

54 цӕмӕй хӕссай дӕ худинаджы гакк ӕмӕ фефсӕрмы уай, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕй, адонӕн та суай ныфсы хос.

55 Дӕ хотӕ — Содом ӕмӕ йӕ чызджытӕ, стӕй Самари ӕмӕ йӕ чызджытӕ, раздӕры заман куыд уыдысты, афтӕ суыдзысты фӕстӕмӕ. Ды дӕр дӕ чызджытимӕ раздӕры хуызӕн суыдзынӕ.

56 Дӕ хъал бонты заман дӕ хо Содомӕн йӕ кой дӕр никуы скодтай,

57 фӕлӕ уалынмӕ раргом сты де ’наккаг хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы арамейаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ алыварс цӕрджытӕ, стӕй филистимаг чызджытӕ дӕуӕн алырдыгӕй фидистӕ куы кодтой, уӕды заманау.

58 Де ’нӕуаг ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй адӕттӕ ӕвзарыс, — зӕгъы Дунедарӕг.

59 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дын дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн: Мӕ сомыйыл Мын дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ фехӕлдтай нӕ фидыд.

60 Фӕлӕ Ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, де ’взонджы бонты демӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕмӕ та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд — мыггагмӕйы фидыд.

61 Ӕмӕ ӕрымысдзынӕ дӕ митӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, дӕ хоты хистӕрӕй, кӕстӕрӕй дӕхимӕ куы ӕрбакӕнай ӕмӕ сӕ дӕуӕн чызджытӕн куы раттон, уӕд. Ӕцӕг, уый нӕ фыццаг фидыды фӕрцы нӕ уыдзӕн.

62 Ӕз та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

63 Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan