Езекиел 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСудзгӕ сӕнӕфсир бӕлас — Израилы фидӕны нысан 1 Дунедарӕг мын загъта: 2 «Адӕймаджы фырт! Сӕнӕфсир бӕлас хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй цӕмӕй хуыздӕр у, йӕ къалиутӕ дӕр цас хуыздӕр сты? 3 Исты дзаумайӕн дзы лыггаг райсынц, мыййаг? Зӕгъӕм, къӕбӕлӕн — исты йыл ӕрцауындзынмӕ? 4 Нӕ, фӕлӕ арты сыгъд ӕрцӕуы. Йӕ дыууӕ кӕроны куы бавзалы вӕййынц ӕмӕ йӕ астӕуыл арт куы сирвӕзы, уӕд ма цӕмӕн фӕбӕззы? 5 Ӕнӕхъӕн куы уыд, уӕд дӕр куы ницӕмӕн бӕззыд, уӕд ма, арт ӕй куы аныхъуырдта ӕмӕ куы бавзалы ис, уӕд цӕмӕн бӕззы? 6 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн сӕнӕфсир бӕласы зӕнг арты куыд басыгътон, афтӕ Йерусалимы цӕрджыты дӕр арты басудздзынӕн. 7 Ме ’ргом сӕ ныхмӕ сараздзынӕн, ӕмӕ иу артӕй раирвӕздзысты, фӕлӕ сӕ иннӕ арт аныхъуырдзӕн, ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый — Ме ’ргом сӕ ныхмӕ куы саразон, уӕд. 8 Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, сӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивтой, уый тыххӕй», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia