Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Езекиел 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Рагуац уацары тыххӕй

1 Дунедарӕг мын загъта:

2 «Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.

3 Фӕлӕ ды, адӕймаг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзауматӕ дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл ӕмӕ уыдоны раз боныгон ӕрцӕр ӕндӕр ран. Чи зоны ӕмӕ уӕд бамбарой, куыд хивӕнд сты, уый.

4 Боныгон-иу дӕ дзауматӕ уыдоны раз рахӕсс, дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл, изӕры та уыдоны раз рацу, хаст адӕм куыд рацӕйцӕуынц, афтӕ.

5 Куыд дӕ уыной, афтӕ-иу къул батон ӕмӕ-иу дӕ дзауматӕ къахыры уылты рахӕсс.

6 Сӕ разы-иу дӕ уаргъ сӕккой кӕн ӕмӕ-иу ӕй талынджы рахӕсс. Дӕ цӕсгом-иу бамбӕрз, зӕхх куыннӕ уынай, афтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон нысанӕн».

7 Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.

8 Райсомӕй мын Дунедарӕг загъта:

9 «Адӕймаджы фырт! Израилы хиваст адӕм дын, мыййаг, нӕ дзырдтой, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ?

10 Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: ацы рагуац у Йерусалимы хицауы ныхмӕ, стӕй, уым чи цӕры, Израилы уыцы адӕмы ныхмӕ“.

11 Ноджы сын зӕгъ: „Уӕ нысан ӕз дӕн: Израилы адӕмыл ӕрцӕудзӕн, ӕз цы сарӕзтон, уый: хаст ӕрцӕудзысты, уацары сӕ акӕндзысты.

12 Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе ’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн.

13 Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.

14 Йӕ алыварс цыдӕриддӕр ӕххуысгӕнджытӕ ис, уыдон ӕмӕ йын йе ’фсӕдтӕ ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн, фӕсте сӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн.

15 Алы бӕстӕты, алы адӕмты ’хсӕн сӕ куы ныххӕлиу кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

16 Ӕрмӕст сын сӕ чысыл хай бахиздзынӕн кардӕй, стонгӕй ӕмӕ емынӕйӕ, цӕмӕй, цы адӕмтӕм фӕцӕуой, уыдонӕн се ’лгъаг миты тыххӕй радзурой. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

17 Дунедарӕг та мын загъта:

18 «Адӕймаджы фырт! Тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ катайгӕнгӕйӕ нуаз дӕ дон.

19 Ацы бӕстӕйы адӕмӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йерусалимы цӕрджытӕн Израилы адӕмы тыххӕй: сӕ къӕбӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕрдзысты ӕмӕ сӕ дон катайгӕнгӕ нуаздзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты фыдракӕндты аххосӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕни йӕ бӕркадӕй.

20 Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Рагуац сӕххӕст уыдзӕн ӕнӕмӕнг

21 Дунедарӕг мын загъта:

22 «Адӕймаджы фырт! Уый уӕм цавӕр ӕмбисонд фӕзынд Израилы зӕххыл, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уыдзӕни, зӕгъгӕ?

23 Израилы адӕмӕн зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз кӕрон скӕндзынӕн уыцы ӕмбисондӕн, ӕмӕ йӕ ничиуал дзурдзӕн Израилы адӕмӕй“. Ноджы сын зӕгъ: „Алы цӕстылуайӕнӕн дӕр йӕ сӕххӕсты афон ӕрхӕстӕг.

24 Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн мӕнг цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ нал уыдзӕн.

25 Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

26 Дунедарӕг мын загъта:

27 «Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм дзурынц дӕуӕй: „Цы цӕстылуайӕн федта, уый сӕххӕст уыдзӕн дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ, пехуымпариуӕг дард фидӕны тыххӕй кӕны“.

28 Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan