Езекиел 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау тӕрхон кӕны адӕмы фӕтӕгтӕн 1 Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуармӕ. Кулдуары цур лӕууыди фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы. Се ’хсӕн сын федтон Аззуры фырт Иазанийы ӕмӕ Бенайайы фырт Пелатиайы, адӕмы фӕтӕгты. 2 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм аразынц фыдвӕндтӕ, фыдбылызы уынаффӕтӕ кӕнынц ацы сахары. 3 Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“. 4 Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ, адӕймаджы фырт». 5 Дунедарӕджы Уд мыл ӕртыхсти ӕмӕ мын загъта: «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Израилы адӕм, Ӕз уын уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ зонын. 6 Сымах ацы сахары бирӕты фӕмардтат, йӕ уынгтӕ байдзаг сты мӕрдтӕй. 7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: сахары мидӕг кӕй амардтат, уыдон сты дзидза, сахар та — аг. Фӕлӕ сымах Ӕз уырдыгӕй ракӕндзынӕн. 8 Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 9 Сахарӕй уӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, тӕрхоны азар уыл ныххуырсдзынӕн. 10 Сымах карды цӕфӕй амӕлдзыстут, Ӕз уын Израилы зӕххыл стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 11 Ацы сахар сымахӕн аг не суыдзӕн, сымах та дзы нӕ уыдзыстут дзидза. Израилы зӕххыл уын стӕрхон кӕндзынӕн, 12 ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“». 13 Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?» Хаст адӕмӕн зӕрдӕвӕрд 14 Дунедарӕг мын загъта: 15 «Адӕймаджы фырт! Йерусалимы цӕрджытӕ де ’фсымӕртӕн, дӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн дзурынц, Дунедарӕгӕй, дам, дард цӕрут, ацы зӕхх, дам, махӕн лӕвӕрд у исбонӕн. 16 Фӕлӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: кӕд сӕ ӕндӕр адӕмтӕм фӕсырдтон ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕтыл ныххӕлиу кодтон, уӕддӕр сын Ӕз Мӕхӕдӕг Кувӕндон уыдзынӕн, кӕдӕм фӕцыдысты, уыцы зӕххыты“. 17 Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх. 18 Ӕмӕ куы ӕрбаздӕхой, уӕд ын йе ’лгъӕгтӕ ӕмӕ йӕ цъаммардзинӕдтӕ иууылдӕр сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты. 19 Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн, 20 цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайой ӕмӕ ӕххӕст кӕной Ме ’гъдӕуттӕ. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн сӕ Хуыцау. 21 Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йе ’лгъаг гуымирытӕ аразынӕн чи снывонд кӕна, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау». 22 Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой, ӕмӕ уыдонимӕ сӕхи хӕрдмӕ систой цӕлхытӕ дӕр. Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ. 23 Дунедарӕджы кад йӕхи систа сахарӕй ӕмӕ ӕрӕнцад, сахарӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хох ис, уый сӕрмӕ. 24 Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис. 25 Уӕд хаст адӕмӕн радзырдтон, Дунедарӕг мын цы раргом кодта, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia