Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Естер 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.

2 Паддзах йе ’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта.

3 Цӕссыгкалгӕ та Естер ногӕй паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй уый сӕххӕст кӕнын ма бауадза агагаг Аманы фыдвӕнд иудейӕгты ныхмӕ.

4 Паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕгӕй Естеры ’рдӕм ацамыдта. Естер сыстади ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыди.

5 Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый.

6 Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?»

7 Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй.

8 Ныр сымах дӕр паддзахы номӕй бардзырд ныффыссут иудейӕгты тыххӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм. Паддзахы къухдарӕнӕй йӕ сфидар кӕнут: паддзахы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйӕн ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕй».

9 Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.

10 Паддзах Ксерксы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйы халдихтӕ паддзахы дугъон бӕхтыл бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтой фидиуджытӕ.

11 Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.

12 Ксерксы паддзахады алы бӕстӕйы дӕр уыцы иу бон — дыууадӕсӕм мӕйы, адары, ӕртындӕсӕмы.

13 Уагӕвӕрды тых кӕмӕн уыд, уыцы уынаффӕйы халдихтӕ хъуамӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой алы бӕстӕтӕм, стӕй алы адӕмыхатмӕ дӕр, цӕмӕй иудейӕгтӕ уыцы бонмӕ сӕхи цӕттӕйӕ дардтаиккой ӕмӕ се знӕгтӕй сӕ маст райстаиккой.

14 Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр.

15 Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.

16 Иудейӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ радысты, хъӕлдзӕг ӕмӕ бӕрӕгбонхуыз уыдысты.

17 Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan