Естер 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацыдысты паддзах ӕмӕ Аман Естеры хуындмӕ. 2 Ӕмӕ та дыккаг бон дӕр, фынгыл бадтысты, афтӕмӕй бафарста паддзах Естеры: «Уӕддӕр дӕ цы хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер? Зын — йе ской. Цыфӕнды ма уӕд — дӕ курдиат ӕххӕстыл нымай. Паддзахады ӕмбис дӕр ракуырдтай — дӕу уыдзӕн». 3 Ӕмӕ загъта ӕхсин-паддзах Естер: «Паддзах, кӕд мӕ дӕ хорзӕх ис, кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд дӕ курын, цӕмӕй мӕ ма амарой, цӕмӕй мын мӕ адӕммӕ дӕр ма бавналой. 4 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин». 5 «Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?» 6 «Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд. 7 Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой. 8 Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой. 9 Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах. 10 Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia