Естер 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты. 2 Паддзахы марынмӕ цы дуаргӕстӕ хъавыдысты, Ксерксы уыцы унӕуттӕ Бигтан ӕмӕ Терешы хъуыддаг Мардохей кӕй раргом кодта, уый дӕр дзы фыст уыди. 3 Паддзах бафарста: «Уый тыххӕй Мардохейӕн цы кад скодтой, цы хорзӕх ын радтой?» Ӕмӕ йӕ дӕлбартӕ, лӕггад ын чи кодта, уыдон загътой: «Ницы». 4 Уыцы рӕстӕг Аман, цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзой, уый тыххӕй зӕгъынмӕ ӕрбацыди паддзахмӕ. Паддзах бафарста: «Кӕрты чи ис?» 5 Лӕггадгӕнджытӕ дзуапп радтой паддзахӕн: «Аман у уый». Паддзах загъта: «Мидӕмӕ рацӕуӕд». 6-8 Аман ӕрбацыди. Паддзах ӕй фӕрсы: «Паддзах кады аккагыл кӕй нымайы, уыцы адӕймагӕн цы хорз ракӕнӕн ис?» Йӕ мӕгуыр зӕрдӕйӕ Аман афтӕ банхъӕлдта, паддзах ын йӕхицӕй дзуры, ӕмӕ загъта: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕймагӕн ӕрбахӕссӕнт паддзахы дарӕс ӕмӕ ӕрбакӕнӕнт паддзахы бӕх, йӕ фӕлыст — паддзахы аккаг, хуыздӕр нӕй, ахӕм. 9 Уыцы дарӕс ӕмӕ уыцы бӕхы паддзахы уӕздантуг дӕлбарты нымаддӕры бар бакӕнӕнт. Уӕздӕтты нымаддӕр, паддзахы хорзӕх кӕй фӕцис, ууыл скӕнӕд уыцы дарӕс, уыцы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕд, стӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕйӕ, сахары фӕзмӕ рацӕуӕд ӕмӕ фехъусын кӕнӕд: „Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах ахӕм кад кӕны!“» 10 Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн, афтӕмӕй, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн: цы дарӕс ӕмӕ бӕхы кой кодтай, уыдон — паддзахы дуаргӕс иудейаг Мардохейӕн! Цы загътай, уыдонӕй дӕ мацы ферох уӕд!» 11 Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!» 12 Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй. 13 Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы». 14 Сӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ паддзахы унӕуттӕ сӕ разы алӕууыдысты ӕмӕ Аманы тагъдгӕнгӕ Естеры хуындмӕ акодтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia