Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Естер 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта.

2 Паддзахы дуармӕ бахӕццӕ, фӕлӕ паддзахы дуарӕй бызгъуыр дарӕсы мидӕмӕ цӕуыны бар нӕ уыди.

3 Ныр, паддзахы уынаффӕ кӕдӕмдӕриддӕр фехъуысти, уымыты, алы ран дӕр, иудейӕгтӕ стыр катайы бацыдысты — хойраг сӕ дзыхмӕ нал истой, рыджы хаудӕй куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой сӕ бызгъуыр дарӕсты.

4 Естерӕн йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймаг унӕуттӕ Мардохейы тыххӕй куы фехъусын кодтой, уӕд ӕхсин-паддзахы зӕрдӕ йӕхи къултыл бахоста. Йӕ бызгъуыртӕ раивӕд, зӕгъгӕ, Мардохейӕн дарӕс рарвыста, фӕлӕ уый не сразы.

5 Уӕд Естер, паддзах ын лӕггадгӕнӕг кӕй скодта, уыцы нӕлгоймаг унӕуттӕй иумӕ фӕдзырдта — йӕ ном Хатах — ӕмӕ йӕ Мардохеймӕ арвыста, цӕмӕй йын, цы у, цы хабар у, уый тыххӕй бӕрӕг ныхас ӕрбахӕсса.

6 Ацыди Хатах Мардохеймӕ сахары фӕзмӕ, галуаны къӕсӕргӕронмӕ.

7 Ӕмӕ йын радзырдта Мардохей ӕппӕт дӕр, загъта, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Аман паддзахы къазнамӕ цас ӕвзист бакалынӕй ныфс бавӕрдта, уый.

8 Радта унӕутмӕ, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Шушаны цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уыцы ӕвдисӕнгӕххӕт дӕр — цӕмӕй йӕ Естер фена ӕмӕ ӕппӕт дӕр базона. Уымӕй уӕлдай ма йӕм ныхас арвыста, паддзахмӕ дын цӕугӕ у, хъуамӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй балӕгъстӕ кӕнай, зӕгъгӕ.

9 Ӕрбаздӕхти Хатах ӕмӕ Естерӕн Мардохейы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.

10 Естер ӕй фӕстӕмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ номӕй Мардохейӕн зӕгъа:

11 «Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».

12 Фӕхӕццӕ сты Мардохеймӕ Естеры ныхӕстӕ.

13 Ӕмӕ дзуапп радта Мардохей Естерӕн: «Афтӕ ма ’нхъӕл, ӕмӕ паддзахы галуаны кӕй дӕ, уый фӕрцы иннӕ иудейӕгтӕй уӕлдай удӕгасӕй аирвӕздзынӕ.

14 Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»

15 Ӕмӕ уыдис Естеры дзуапп Мардохейӕн:

16 «Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».

17 Мардохей ацыд ӕмӕ алцыдӕр бакодта, Естер ын куыд загъта, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan