Естер 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фӕстӕдӕр, Ксерксӕн йӕ маст куы ’рсабыр, уӕд Ваштийы мысын райдыдта. Сылгоймаджы ми ӕмӕ йӕхи уынаффӕйыл ныссагъӕс кодта. 2 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой, паддзахӕн ӕрыгон рӕсугъд чызджытӕ агурын хъӕуы, зӕгъгӕ. 3 Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой. 4 Паддзахы зӕрдӕмӕ цы ӕрыгон рӕсугъд фӕцӕуа, уый Ваштийы бынаты йӕ фарсмӕ ӕрбаддзӕн. Уыцы ныхӕстӕ паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ растдӕриддӕр афтӕ бакодта. 5-6 Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт. 7 Мардохейы фыды ’фсымӕр ӕмӕ йӕ ус амардысты, сӕ чызг Хадассӕ, Естер дӕр ӕй хуыдтой, сидзӕрӕй баззад, ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр Естер тынг рӕсугъд уыди. 8 Паддзахы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Шушанмӕ бирӕ рӕсугъд чызджытӕ ӕрбамбырд. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакодтой. Чызджыты ’хсӕн уыди Естер дӕр. 9 Естер Хегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ, уымӕй уӕлдай цы ’мбӕлди, уыдон раттыныл фӕстиат нӕ фӕкодта. Галуаны унӕуттӕй йын авды лӕггадгӕнӕг скодта ӕмӕ йӕ семӕ сылгоймӕгты хатӕны дзӕбӕхдӕр ран ӕрцӕрын кодта. 10 Чи у, кӕцӕй у, уыдӕтты тыххӕй Естер ницы дзырдта, уымӕн ӕмӕ йын Мардохейӕ афтӕ фӕдзӕхст уыди. 11 Мардохей та-иу ӕрвылбон фӕзынди сылгоймӕгты хатӕны кӕрты — Естер йӕхи куыд хаты, йӕ хъуыддӕгтӕ куыд сты, уый бӕрӕг кодта. 12 Паддзах Ксерксы размӕ бацӕуыны тыххӕй алы чызг дӕр, сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ дыууадӕс мӕйы дӕргъы йӕхи хъуамӕ цӕттӕ кодтаид: ӕхсӕз мӕйы йӕ буар миррӕйы сойӕ сӕрстаид, ӕхсӕз мӕйы та — алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы алыхуызон сӕрдӕнтӕй. 13 Уый фӕстӕ чызгӕн паддзахмӕ фӕндаг уыди. Сылгоймӕгты хатӕнӕй паддзахы размӕ цӕугӕйӕ цӕмӕйфӕнды куы загътаид, хъӕуы мӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр ын ӕй лӕвӕрдтой. 14 Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди. 15 Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер. 16 Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы. 17 Йӕ иннӕ устытӕй йӕ фылдӕр бауарзта Ксеркс, иннӕ чызджытӕй йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыд. Паддзахы худ ын ӕркодта йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ ус-паддзахӕй ӕрбадын кодта Ваштийы бынаты. 18 Естеры кадӕн паддзах стыр куывд скодта йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн. Сӕ фиддонтӕ фӕкъаддӕр сты йӕ паддзахады алы бӕстӕйӕн дӕр, йӕ зӕрдӕйы хорзӕй паддзахы лӕвӕрттӕ фӕкодта. 19 Дыккаг хатт куы фӕсидтысты чызджытӕм, уӕд Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз бадти. 20 Естер ницыма загъта, чи у ӕмӕ кӕцон у, уый тыххӕй, Мардохей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Йӕ ныхасмӕ та йын Естер, йӕ хъомылгӕнинаг куы уыди, уӕд куыд хъуыста, ныр дӕр афтӕ. 21 Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз куы бадти, уӕд паддзахы дӕлдӕртӕ, йӕ дуаргӕстӕ Бигтан ӕмӕ Тереш, паддзах Ксерксы ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзтой, цӕмӕй йӕ амарой. 22 Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта. 23 Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia