Естер 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы. 2 Уӕд Ксерксы паддзахы бадӕн Шушаны уыди. 3 Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ. 4 Ӕнӕхъӕн сӕдӕ ӕстай боны дӕргъы Ксеркс йӕ паддзахады бирӕ мулк ӕвдыста, йӕ диссаджы исбонӕй ӕппӕлыд. 5 Уыцы бадт куы ахицӕн ис, уӕд та Шушаны цӕрджытӕн хъӕздыгӕй, мӕгуырӕй, паддзахы дыргъдоны фынгтӕ равӕрын кодта ӕмӕ сӕ иннабонӕй-иннабонмӕ фӕхынцта. 6 Сӕ сӕрмӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз гӕн хъуымӕцтӕ ӕвзист хъайвантӕм ӕмӕ урс мраморӕй конд цӕджындзтӕм фидаргонд уыдысты урс, лыстӕг гӕнӕй конд, стӕй сӕнт сырх синӕгтӕй. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист бадӕнтӕ лӕууыдысты порфир, мрамор, ӕргъӕу ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй конд астӕрдыл. 7 Нозтытӕн ӕрӕвӕрдтой алыхуызон сыгъзӕрин нуазӕнтӕ. Таучел ӕмӕ бонджын паддзах йӕ сӕны ӕвӕрӕнтыл дӕр фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцыд. 8 Паддзахы уагдартӕ тыхдард никӕмӕн кодтой. Паддзахӕй сын дзырд уыди, цӕмӕй, кӕй цас фӕнды, уый бӕрц нуаза. 9 Ксерксы ус Вашти та паддзахы галуаны скодта куывд сылгоймӕгтӕн. 10 Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ. 11 Загъта сын, Ваштийы йӕм, йӕ сӕрыл паддзахы худ, афтӕмӕй куыд рахоной: паддзах йӕ рӕсугъд усӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хаста ӕмӕ дзы хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ уӕздӕтты раз дӕр хъуамӕ йӕхи ахъал кодтаид. 12 Дӕлдӕртӕ паддзахы фӕндон фехъусын кодтой Ваштийӕн, фӕлӕ йӕ уый ницӕмӕ ’рдардта. Паддзах тынг смӕсты ис, пиллон арт уагъта фыр мӕстӕй. 13 Йӕ уынаффӕ кӕддӕриддӕр, бирӕ чи федта, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ чи зоны, уыцы куырыхон лӕгтимӕ уыди, ӕмӕ та сӕм паддзах ныр дӕр фӕсидти. 14 Уыцы рӕстӕг Ксерксмӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг авд ӕлдары — Каршена, Шетар, Адмата, Таршиш, Мерес, Марсена, Мемухан — уӕлдай нымад уыдысты, йӕхимӕ сӕ ӕрбаввахс кодта. Паддзахы размӕ сын ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕндаг уыди, паддзахады фыццаг лӕгтӕ уыдысты. 15 «Уӕдӕ паддзах Ксерксы фӕндон кӕй ницӕмӕ ’рдардта, уый тыххӕй уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы гӕнгӕ у ӕхсин-паддзах Ваштийӕн?» 16 Мемухан загъта паддзахӕн ӕмӕ ӕлдӕрттӕн: «Вашти ӕрмӕст паддзахы раз нӕ, фӕлӕ ӕппӕт ӕлдӕрттӕ ӕмӕ, Ксерксы паддзахады цы адӕм ис, ӕппӕт уыдоны раз у аххосджын. 17 Уымӕн ӕмӕ Ваштийы ми сылгоймӕгты хъусыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ лӕгты нал нымайдзысты. Зӕгъдзысты, паддзах Ксерксӕн дӕр ма, дам, йӕ ус Вашти йӕ коммӕ куы нӕ бакасти, зӕгъгӕ. 18 Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг. 19 Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр. 20 Паддзахы уынаффӕ куы айхъуыса йе стыр паддзахады алы кӕрӕттӕм, уӕд сылгоймӕгтӕй алчи йӕ сӕрыхицаумӕ, уӕздӕттӕй уа ӕви хуымӕтӕг адӕмӕй, хъусдзӕн». 21 Паддзах ӕмӕ йӕ уӕздӕтты зӕрдӕмӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ Ксеркс, Мемухан ын куыд бацамыдта, афтӕ бакодта. 22 Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia